ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik, Гæбæраты Ян. Хуссар Ирыстоны 2018 азы уалдзæгмæ интернет фæзындзæн бирæуæладзыгон хæдзæртты, августмæ та – хисæрмагонд хæдзæртты, фехъусын кодта Sputnik компани "Юг-Телеком"-ы директор Коцты Григорий.
"Юг-Телеком" у æвзонг компани, фæлæ йæхи хорз равдыста интернет-лæггæдты къабазы. Зæгъæм, компанийæн ис фæлтæрддзинад ахæм проектты реализацийы Хъырым, Цæгат Ирыстон æмæ æндæр уæрæсейаг регионты.
Компани нывæнды йæ фæлхасгæнджыты кабелон интернетæй сифтонг кæнын. Нырма уал Хуссар Ирыстоны цæрджытæ интернетмæ хизынц æрмæстдæр смартфонтæ æмæ модемты руаджы, интернет та нын дæтты иунæг провайдер – чырон оператор "Мегафон".
"Уæ бон у æмæ нын раарфæ кæнат – абон мах æрбауагътам нæхи сæрмагонд интернет-хахх нæ офисмæ. Ацы мæй йæ бауадздзыстæм сыхаг хæдзæрттæм æмæ ауадздзыстæм тестон куыстытæ", — загъта Григорий.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, проекты тестон куыстытæ æххæст цæудзысты сæрмагонд инвестициты фæрцы. Уымæй дарддæр ма, паддзахады æрдыгæй цæуы административон-ресурсон æххуыс.
"Нæ нымадмæ гæсгæ, раст нæу XXI æнусы адæмы интернетæй цух кæнын. "Юг-Телеком" æнхъардзæн дыууæ тарифон планы – 800 æмæ 990 сомы аргъ", — фехъусын кодта Коцты Григорий.
Ӕмрæстæджы "Юг-Телеком" кусдзæн ног проектыл: иу хызæджы фæлгæтты абоненттæн уыдзæн фадат IP-телефонийæ æмæ интернет-телеуынынадæй пайда кæнын.
"Ацы хъæппæрисæн æрмæст экономикон бындур нæй. Мах фæнды республикæйы цард фæхуыздæр кæнын. Зæгъæм, нæ компани сарæзта 17 кусæгон бынаты квалификацигонд IT-специалисттæн", — балхынцъ кодта уый.