ЦХИНВАЛ, 5 фев — Sputnik, Уалыты Диана. Цхинвалы горæттаг поликлиникæйы кусджытæ сарæзтой протесты акци медицинон уагдоны республикон рынчындоны бæстыхаймæ ахасты ныхмæ. Райсомæй медиктæ æрæмбырд сты поликлиникæйы раз æмæ лæууыдысты бахизæны раз дыууæ сахаты бæрц. Кусджытæ дзурынц, цы рæстæг лæууыдысты, уый мидæг сæм иу адæймаг дæр нæ баввахс бæрнон гоймæгтæй.
"Мах хъавынц æндæр бынатмæ ахæссын æмæ мах тох кæнæм нæ бæстыхайы сæрыл. 1937 азæй фæстæмæ ацы поликлиникæ лæууы ам, алы районæн дæр хъуамæ уа ахæм уагдон. Цæмæн æй хъуамæ суæгъд кæнæм? Ам ис алы уавæртæ дæр, æрмæстдæр нæм нæй рентген. Хуыздæр уаид æмæ нын, æндæр бынатмæ кæныны бæсты, куы фæхуыздæр кæниккой нæ уавæртæ", — радзырдтой уыдон.
Адæм ма дзырдтой, пациенттæ сæхæдæг дæр кæй бацæттæ кодтой дæсгай куырдиæттæ, цы ран æвдисынц се 'нæразыдзинад уагдоны бынат ахæссыны тыххæй, фæлæ сын сæ цæстæнгас хыгъдмæ ничи айста.
"Поликлиникæ ахæссыны фæстæ фæкъаддæр кæндзысты кусджыты нымæц, уымæн æмæ рынчындоны æнæ махæй дæр ис бирæ кусджытæ. Ис сын сæхи ЭКГ, сæхи лаборатори. Афтæмæй та ам кусынц бирæ хорз медиктæ, кæцытæ хæсты дæр æмæ цыфæнды уавæрты дæр нæ ныууагътой сæ куыст. Адæм ныр цы фæуой?", — дзурынц протестгæнджытæ.
Уыдон фехъусын кодтой, кæй нывæндынц сæ акци адарддæр кæнын райсом парламенты раз.
Хуссар Ирыстоны раззагондæр медицинон уагдæттæ баиу кæныны тыххæй амæй размæ фехъусын кодта æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Тотчиты Георгий.
Ацы уынаффæ фыццаг хатт нæ сывзæрын кодта катайдзинад горæттаг поликлиникæйы коллективмæ, уымæн æмæ кусджытæ нæ разы кæнынц бæстыхай уадзын Хуссар Ирыстоны столицæйы центры.
Декабры æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тотчиты Георгий радзырдта, раздæры поликлиникæйы бæстыхайы кæй æрбынат кæндзысты инвалидты æмæ ветеранты æхсæнад, афтæ ма психологон æххуысы службæ, физкультурон диспансер, фæллой æмæ куыстифтонгады управлени æмæ цалдæр æндæр уагдоны.