Хуссар Иры балæбурдтой егъау арæзтадон фирмæйы сæргълæууæгмæ Татарстанæй

© Sputnik / Алексей КовалевЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны прокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг "адæймаджы адавын"-ы статьяйы фæдыл

ЦХИНВАЛ, 7 фев — Sputnik. Татарстайнаг арæзтадон фирмæ "Эверест"-ы генералон директор Руслан Файтыховы ныхмæ сарæзтой балæбурд æбæрæг гоймæгтæ, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы.

Строительство театра - Sputnik Хуссар Ирыстон
ПӔК-ы сӕргълӕууӕг: арӕзтадон фирмӕтӕ "Эверест" ӕмӕ "Русгидро"-йыл ӕууӕнк нӕй

Ведомствæйы банысан кодтой, ацы факты фæдыл баконд кæй æрцыд уголовон хъуыддаг "адæймаджы адавыны" статьяйы фæдыл.

Слестгæнæн управленийы банысан кодтой, Файтыховы ныхмæ балæбурд арæзт кæй æрцыд къуырисæры æхсæвы.

Ӕбæрæгæй гоймæгтæ фæлвæрдтой тыххæй сбадын кæнын бизнесмены сæ машинæйы, æмрæстæджы йын цавтой йæ сæр æмæ гуыр.

"Файтыховæн бантыст алидзын æмæ бамбæхсын. Фыдгæнджытæ йæ фæдыл нæ ацыдысты, фæлæ сæхи бааууон кодтой цауы бынатæй", — загъта генпрокуратурæйы кусæг.

Оперативон-агурæн мадзæлтты рæстæджы барадхъахъхъæнæг органты кусджытæн бантыст æрцахсын республикæйы дыууæ æмбæстаджы, кæцытæм зæрдæ æхсайы ацы фыдракæнд саразынмæ.

Строительство театра - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Эверест"-мӕ зӕрдӕ ӕхсайы 47 млн сом хуыснӕгдзинады фӕдыл

"Автомашинæйы ссардæуыд нæмгуытæ, æртæ автоматы æмæ радиобастдзинады фæрæзты аксессуартæ. Ацы адæмы хæдзæртты басгæрсты рæстæджы ссардæуыд æмæ байст æрцыдысты алы калибры нæмгуытæ", — загътой прокуратурæйы.

Фæдагуырд хъуамæ сбæлвырд кæна ацы фыдракæнды æууæлтæ иууылдæр.

Татарстанаг фирмӕ "Эверест" 2014 азы ссис Хуссар Ирыстоны сӕндидзӕн куыстыты генералон нардуатисӕг ӕмӕ райста егъау социалон объекттӕ иууылдӕр — Национ музей, Паддзахадон драмтеатр, горӕты уынгтӕ.

2016 азы республикæйы ПӔК раргом кодта 47 милуан сомы бæрц хуыснæгдзинад, кæцы саразынмæ зæрдæ æхсайы фирмæ "Эверест"-ы кусджытæм. Фирмæйы ныхмæ баконд æрцыд уголовон хъуыддаг "хуыснæгдзинады" статьяйы фæдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0