Беслæны теракты тыххæй фотопроект равдисдзысты Ставрополы крайы

© Sputnik / Анна КабисоваБеслан
Беслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзæуджыхъæуккаг къамисæг æмæ нывгæнæг Гокъоты Алисайы равдыст нывонд у беслæйнаг скъолайы раздæры амынæт-чызджытæн

ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik. Цæгатирыстойнаг нывгæнæг Гокъоты Алисайы фотопроектæн "Царды сæрвæлтау" уыдзæн равдыст Ставрополы крайы, хъусын кæны газет "Слово" националон ахастыты фарстыты фæдыл министрады информаци.

Беслæны мæдтæ хайад райстой Турчы мемориалы баконды - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Беслæны мæдтæ" хайад райстой Турчы мемориалы баконды

Ӕнхъарæн фехъусын кодтой фæсивæды форум "Адæмы хæлардзинады – Уæрæсейы иудзинад!"-ыл, кæцы æрæмбырд кодта Цæгат Кавказы республикæты минæвæртты ЦИПУ-ы.

Къамисæджы проекты тыххæй форумы хайадисджытæн радзырдта националон ахастыты фарстыты фæдыл министр Цуциты Аслан.

"Ахæм нырыккон проекттæ дæттынц фадат экстремизмы проблемæмæ хъусдард аздахын. Хуымæтæг баннертæм йæ хъус ничиуал дары. Ацы хъæппæрис тынг фæцыд Ставрополы крайы делегатты зæрдæмæ æмæ уыдон банхъардтой равдысты географи рауæрæхдæр кæнын æмæ йæ сæхимæ сорганизаци кæнын", — загъта ведомствæйы пресс-секретарь.

Нывгæнæджы куыстытæй дыууынæй фылдæр æвдисынц трагедийы удыгасæй чи баззад, уыдон истори – 2004 азæй 13 азы фæстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0