Бибылты Анатолий Сирийы ирӕттӕн: ӕхсызгон мын у уынын сымах ӕнтыстджын ӕмӕ цытджынӕй

© Пресс-служба президента РЮОВстреча президента Южной Осетии с осетинской диаспорой в Сирии
Встреча президента Южной Осетии с осетинской диаспорой в Сирии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Диаспорӕйы минӕвӕрттимӕ фембӕлд ацыд Хуссар Ирыстоны президенты фыццаг официалон балцы рӕстӕджы Сиримӕ

ЦХИНВАЛ, 25 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембӕлд ирон диаспорӕйы минӕвӕрттимӕ Сирийы. Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы раныхасы банысан кодта, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ ӕнӕхъӕн делегацийӕн тынг ӕхсызгон у базонгӕ кӕнын сӕ ӕмбӕстӕгтимӕ.

Афтӕ ма уый радзырдта диаспорӕйы минӕвӕрттӕн йӕ фембӕлды тыххӕй Сирийы президентимӕ.

"Знон, президент Башар Асадимӕ куы фембӕлдтӕн, уӕд йын загътон, ам кӕй цӕрынц ирӕттӕ, кӕцыты ӕндӕр кавказаг адӕмимӕ хонынц черкесӕгтӕ. Президент уын загъта бузныг, кӕй бахастат уӕ хайбавӕрд Сирийы сабырдзинад саразынмӕ", — банысан кодта Бибылты Анатолий.

Визит Президента РЮО в САР - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий сӕвӕрдта венок ӕбӕрӕг солдаты ингӕныл Дамаскы

Афтӕ ма уый радзырдта сириаг ирӕттӕн РХИ ӕмӕ САР-ы ӕхсӕн бадзырдты тыххӕй ӕмӕ бахахх кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны минӕварад Дамаскы куы байгом уа, уӕд диаспорӕйы бастдзинад историкон фыдыбӕстӕимӕ сфидар уыдзӕн.

Диаспорӕйы минӕвӕртты фӕндыд базонын фӕсивӕды ахуыры фадат хуссарирыстойнаг университеты. Бибылты Анатолий фидарӕй загъта, студенттӕн кӕй сараздзысты алы уавӕртӕ дӕр.

Фембӕлды рӕстӕджы диаспорӕйы минӕвӕрттӕ ракуырдтой, цӕмӕй сын презентацион ӕрмӕг радтой Ирыстоны тыххӕй ӕмӕ ауадзой культурон мадзӕлттӕ дыууӕ бӕстӕйы дӕр. Президент фидарӕй загъта, сӕ куырдиат сын кӕй сӕххӕст кӕндзӕн.

Южная Осетия и Сирия заключили Договор о дружбе и сотрудничестве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Сири бафыстой ӕмгуыстад ӕмӕ хӕлардзинады фӕдыл бадзырд

Афтӕ ма Бибылты Анатолий баныфсӕвӕрдта, сириаг ирӕттимӕ кӕй фембӕлдзӕн тагъд Цхинвалы, цы ран августы ацӕудзӕн Ирон адӕмы ӕппӕтдунейон уанел.

Хуссар Ирыстоны президент ис Дамаскы официалон балцы.

Балцы рӕстӕджы сӕххӕст ис фембӕлд президент Башар Асадимӕ, ӕрфыстой ӕмгуыстад ӕмӕ хӕлардзинады фӕдыл бадзырд. Афтӕ ма нывӕндынц фембӕлын САР премьер-министр ӕмӕ парламенты спикеримӕ, афтӕ ма Сирийы бизнес-ӕхсӕнадимӕ.

Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды сты президенты администрацийы разамонӕг Козаты Игорь, Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий, хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим, экономикон райрӕзты министр Кокойты Геннадий, Уӕлвӕткон уавӕрты министр Тадтаты Алан.

Ног хабӕртты лентӕ
0