Хуссар Иры Республикӕйы бон банысан кодтой ӕфсӕддон парадӕй

© Sputnik / Наталья АйриянРепетиция парада
Репетиция парада - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы Театралон фӕзуатыл маршӕй рацыдысты столицӕйы гарнизоны 800 ӕфсӕддоны

ЦХИНВАЛ, 20 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы уагъд ӕрцыд ӕфсӕддон парад республикӕйы расидыны 28-ӕм афӕдзы боны цытӕн.

Ирон тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир нысан кӕны Паддзахадон тырысайы бон

Цхинвалы Театралон фӕзуатыл парады хайад райстой РХИ хъахъхъӕнынады министрады, Мидхъуыддӕгты министрады, Арӕнгӕрон службӕйы, Уӕлвӕткон уавӕрты министрады, Кадетты скъолайы хайадтӕ, афтӕ ма Уӕрӕсейы Федерацийы хъахъхъӕнынады министрады 4-ӕм гвардейон ӕфсӕддон базӕйы ӕфсӕддонтӕ.

Иумӕйагӕй, Театралон фӕзуатыл маршӕй рацыдысты Цхинвалы гарнизоны 800 ӕфсӕддоны.

Парадӕн командӕ кодта республикӕйы Хотыхджын тыхты генералон штабы хистӕр, булкъон Виктор Федоров, парад райста Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр, инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагим.

"Ацы парады алкӕцы къахдзӕф дӕр мах нывонд кӕнӕм нӕ Республикӕйы историкон фӕндагӕн, кӕцы ацыдыстӕм абоны бонмӕ 1990 азы 20 сентябрӕй фӕстӕмӕ", — банысан кодта президент Бибылты Анатолий парады размӕ раныхасы рӕстӕджы.

Афтӕ Бибылты Анатолий банхъардта ссарын амӕттаг патриотты рухс нӕмттӕ иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ.

"Нӕ адӕм хъуамӕ сӕрыстыр уой сӕ паддзахадӕй, сӕ Республикӕйӕ, кӕцыйы сӕхӕдӕг сарӕзтой, кӕцыйы хъахъхъӕдтой ӕмӕ йӕ ирд фидӕны тыххӕй кусынц ӕрвылбон", — бафтыдта президент.

Абон ма сæйраг фæзуатыл хъæууон хъæдзарад æмæ сæудæджерадон равдыст "Нæртон къуым"-ы фенæн уыдзæн, цæмæй хъæзныг у Ирыстон, уый.
Къостайы скверы æрбакæндзысты æрмдæсныты армукъа-равдыст "Сæндидзæн".

Балхынцъ уыдзæн бæрæгбон фейерверкæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0