Хъуылымбегты Торезы фыццаг майдан радтой йӕ бинонтӕн

© Пресс-служба парламента РЮОХъуылымбегты Торезы майдан
Хъуылымбегты Торезы  майдан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фарон марты закондӕттӕн орган сфидар кодта Хъуылымбегты Торезы майдан

ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент аскъуыддзаг кодта раттын Хуссар Ирыстоны парламенты майдан "Хъуылымбегты Торез" республикӕйы иууыл авторитетон политикон ӕмӕ ӕхсӕнадон архайджытӕй иуы бинонтӕн.

Хъуылымбегты Торез уыд номдзыд политикон ӕмӕ паддзахадон архайӕг. Фарон марты закондӕттӕн орган сфидар кодта Хъуылымбегты Торезы майдан. Парламенты спикер Гасситы Петры ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый у цыт адӕймагӕн, кӕцы уыд парламенты сӕргълӕууӕг иууыл уӕззаудӕр ӕзты.

"Майдан арӕзт у сыгъдӕг ӕвзистӕй. Ныфс уын ӕвӕрын, алкӕмӕн ӕй кӕй нӕ дӕтдзысты, йӕ райсын уыдзӕн зын", - загъта Гасситы Петр.

Фильм Торез-ы диск - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Торез": Цхинвалы равдисдзысты кино республикæйы фыццаг разамонæджы тыххæй

Гасситы Петр банысан кодта, парламенты кӕй кусы сӕрмагонд къамис, кӕцы сбӕрӕг кӕндзӕн адӕмы – Уӕлдӕр Советы депутаттӕ, фыццаг ӕрсидты депутаттӕ, кӕцытӕ райсдзысты ацы хорзӕх.

"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алчи йӕ нӕ райсдзӕн. Мах иууылдӕр зонӕм, уыцы рӕстӕджы бирӕты кӕй нӕ фӕндыд саразын республикӕ, бирӕтӕ уыдысты Гуырдзыстоны ӕмварс. Уыдонӕй ничи райсдзӕн ацы майдан. Ратдзыстӕм ӕй нӕ ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ бахъахъхъӕдтой Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад ӕмӕ сӕрибардзинад уыцы уӕззау ӕзты", - бахахх кодта парламенты спикер.

Майдан уыдзæн ведомствæйон хорзæх. Лæвæрд цæудзæн Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн бæстæйы фидар кæнын, парламентаризмы райрæзт æмæ демократи сфидар кæнынмæ сæ хайбавæрды тыххæй.

Граффити - Sputnik Хуссар Ирыстон
Торезы майдан: Хуссар Иры фыццаг къухдариуæггæнæджы номыл кæнынц хорзæх

Хъуылымбегты Торез уыд Хуссар Ирыстоны фыццаг къухдариуæггæнæг æмæ республикæ расидыны инициатор 20 сентябры 1990 азы. 29 январы 1991 азы бадзырдты æфсон гуырдзиæгтæ асайдтой æмæ адавтой республикæйы раздзоджы. Уым æй Гуырдзыстоны тæрхондонон системæ азым кодта бирæнымæц æрымысгæ хъуыддæгты – се ʻхсæн хæцæнгарз дарын, тыхмимæ сидын. Йе 'ссæрибар кæныныл архайдтой канд Хуссар Иры адæм нæ, фæлæ ма æхсæнадæмон организацитæ дæр.

Звиад Гамсахурдиайы йæ бынатæй куы раппæрстой, уæд бантыст Торезы дæр ссæрибар кæнын. Уый фæстæ Хъуылымбегты Торез адарддæр кодта йæ политикон архайд. Йæ къухдариуæгадæй парламент сфидар кодта хæдбардзинады акт. Разамынад дæтта республикæйæн 1992 азы хæстон æрбабырсты рæстæджы дæр, уыд Дагомысы бадзырдты авторты хсæн. 1993 азы фæззæджы уый ацыд йæ бынатæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0