Кӕфтытӕ, зарджытӕ ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы уазӕг: Цхинвалы банысан кодтой Уӕлахизы бон

© Sputnik / Фатима ПлиеваСтыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизыл 74 азы сӕххӕсты бӕрӕгбон банысан кодта горӕты централон чиныгдон
Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизыл 74 азы сӕххӕсты бӕрӕгбон банысан кодта горӕты централон чиныгдон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Культурон нывӕзтӕй дарддӕр ма мадзалы радзырдтой Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ирон архайджыты сгуыхтдзинӕдтыл

ЦХИНВАЛ, 8 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизыл 74 азы сӕххӕсты бӕрӕгбон банысан кодта горӕты централон чиныгдон. Скъолаты сфӕлдыстадон коллективтӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ ӕвдыстой кафт ӕмӕ зарды номыртӕ, библиотекӕйы кусджытӕ зонгӕ кодтой XX ӕнусы тугамӕст хӕсты сыфтимӕ ӕмӕ хъайтартимӕ.

© Sputnik / Фатима ПлиеваСтыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизыл 74 азы сӕххӕсты бӕрӕгбон банысан кодта горӕты централон чиныгдон
Кӕфтытӕ, зарджытӕ ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы уазӕг: Цхинвалы банысан кодтой Уӕлахизы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизыл 74 азы сӕххӕсты бӕрӕгбон банысан кодта горӕты централон чиныгдон

Бӕрӕгбонон мадзалмӕ ӕрхуыдтой Стыр Уӕлахизы сӕйраг хъайтарты – хӕсты ветеранты.

Георгийы лентæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры байуардзысты 10 мин Георгийы лентӕйы

Цхинвалы Мамсыраты Хадзы –Умары уынгыл уӕвӕг библиотекӕйы хъӕлдзӕг мадзалы аив зӕлтӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕгас районы цӕрджытӕ, кӕд кӕсджыты нымӕц фыцаг чысыл уыд, уӕддӕр ӕрдӕг сахаты фӕстӕ адӕм ӕрхъула кодтой чиныгдоны раз фӕзуат. Мадзалы аив зӕлтӕ фездӕхтой адӕмы тыгуырмӕ паддзахады разамонӕджы дӕр.

"Кӕстӕр фӕлтӕртӕ сӕрыстырӕй зӕгъдзысты,уыдон кӕй сты уӕлахиздзауты фӕдонтӕ. Цалынмӕ уыцы тугкалӕн хӕст хъуыды кӕнӕм,уӕдмӕ нын фидӕн ис. Азӕй-аз ныл хуыздӕрӕй цӕуӕт Уӕлахизы бӕрӕгбон. Нӕ сывӕллӕттӕ ӕппынӕдзух кӕнӕт худгӕ, хӕсты хъӕлӕба, нӕмыджы гӕрах сӕм макӕцӕй хъуысӕт ӕмӕ уӕ бӕрӕгбон хорзӕх уӕнт", - загъта президент Бибылты Анатолий.

Горӕты микрорайоны цӕрӕн массив, цы ран уӕвынад кӕны столицӕйы централон библиотекӕ, ӕрбаиу кодта Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ӕртӕ хъайтары уынгтӕ – Плиты Иссӕ, Мамсыраты Хадзы-Умар ӕмӕ Остъаты Алексийы номыл.

Хуссар Ир хайад райсдзӕн Уӕлахизы диктант-ы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир хайад райсдзӕн "Уӕлахизы диктант"-ы

"Ирон хъайтартӕй асты нӕмттӕ хӕссынц нӕ уынгтӕ. 70-ӕм ӕзты сахар Цхинвалы хуссар хай фӕзынд ног микрорайон. Йӕ сӕйраг хай 400 метры дӕргъӕн уынг райста Мамсырайы фырты ном, уый йӕ фарсмӕ ӕрбамбырд кодта ӕндӕр хъайтарты – йӕ фарсмӕ ис Плиты Иссӕ ӕмӕ Остъаты Алексийы уынгтӕ", - радзырдта йӕ раныхасы библиотекӕйы методист Гуыззыттаты Этери.

Мадзалы кафт ӕмӕ зарды номыртӕ сӕххӕст кодтой скъола-интернат, гимнази "Альбион", фӕндзӕм скъола, горӕты культурайы хайады дӕлбар фольклорон ансамбль ӕмӕ ӕндӕртӕ.

© Sputnik / Фатима ПлиеваСтыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизыл 74 азы сӕххӕсты бӕрӕгбон банысан кодта горӕты централон чиныгдон
Кӕфтытӕ, зарджытӕ ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы уазӕг: Цхинвалы банысан кодтой Уӕлахизы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизыл 74 азы сӕххӕсты бӕрӕгбон банысан кодта горӕты централон чиныгдон
Ног хабӕртты лентӕ
0