Ирæтты геноцид банымайыны фæдыл Думæйы къамис ауадздзæн рабадт Цхинвалы

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон адæмы геноцид банымайыны фæдыл УФ Паддзахадон думæйы къамисы сæргълæууæг кусæгон къорды нывæзтыты тыххæй

ЦХИНВАЛ, 29 янв – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстонмæ февралы æрцæудзæн уæрæсейаг парламентарийты къорд, кæцытæ кусынц 1920 азы ирон адæмы ныхмæ Гуырдзыстоны геноцид банымайыныл. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта Паддзахадон думæйы депутат Виктор Водолацкий.

Уæрæсейы Паддзахадон думæйы депутат Виктор Водолацкий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон адæмы геноцид банымайыныл бакусдзысты Паддзахадон думæйы фракцитæ иууылдæр
Уæрæсейы Паддзахадон думæйы бакондæуыд сæрмагонд къамис ирæтты геноцид банымайыны фæдыл, кæцы расидт Гуырдзыстоны хицауад 1920 азы. Къамимы сæргълæууæг у ХПӔ хъуыддæгтæ, евразиаг интеграци æмæ æмбæстæгтимæ бастдзинæдты фæдыл комитеты сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Виктор Водолацкий. Кусæгон къорды сконды ма сты Гæззаты Валерий (Справедливая Россия), Тайсайты Хъазбег (Комунистон парти), Павел Шперов (Либералон-демократон парти), Артем Кавинов æмæ Артем Туров "Единая Россия".

"Куыстытæм мах æрбахуыдтам экспертон æхсæнады, Зонæдты академи æмæ Историйы институты историкты, Росархивы минæвæртты. Мах ауагътам рабадт, цы ран сфидар кодтам куысты нывæзт æмæ адæмы, кæцытæ кусдзысты эксперттимæ хицæн æмæ хицæн къабæзты æмæ æмбырд кæндзысты æрмæджытæ. Уый фæстæ мах аскъуыддзаг кæндзыстæм Цхинвалмæ балцы датæ", - загъта Водолацкий.

Сенатор ма банысан кодта, Цхинвалмæ æрцæуын кæй фæнд кæнынц февралы. Къамисы дыккаг рабадт, йæ ныхæстæм гæсгæ, ацæудзæн  Хуссар Ирыстоны парламенты.

Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир бахатдзӕн дунейы ӕхсӕнадмӕ ирӕтты геноцид банымайыны фӕдыл

"Нæ хæс у нæ хуссарирыстойнаг коллегæты куырдиатмæ хъус æрдарын", - балхынцъ кодта уый.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны депутаттӕ барвыстой куырдиат ирӕтты геноцид банымайыны фӕдыл Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕмӕ ӕмӕ Федерацийы Советмӕ. Уӕрӕсейы Федерацийы Паддзахадон думӕйы спикер Вячеслав Володин фехъусын кодта, Думӕйы Совет кӕй ӕркӕсдзӕн куырдиатмӕ ӕввахсдӕр рабадтыл. Ацы фарсты фæдыл арæзт æрцыд сæрмагонд кусæгон къорд.

Ног хабӕртты лентӕ
0