Хуссар Иры президент саргъ кодта хицауад æмæ парламенты куыстæн 2020 азы

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирыстоны хицауады рабадт
Хуссар Ирыстоны хицауады рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сæргълæууæг уадзы министрты кабинеты фыццаг рабадт ацы аз, уый райдыдта хицауады дыууæ къабазы куыстытæн аргъ кæнынæй

ЦХИНВАЛ, 20 янв - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауады куыст 2020 азы уыд эффективон, уый гуырысхо никæмæ æвзæрын кæны, загъта ацы аз министрты кабинеты фыццаг рабадтыл президент Бибылты Анатолий.

Бибылты Анатолийы пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры мыздты фӕфылдӕр у парламентӕй аразгӕ - президент

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ивгъуыд азы хицауад райста 254 акты, 2019 азы та - 217.

Президент бахахх кодта, хицауады куысты фæрцы кæй фæфылдæр сты фиддонтæ сабитæн, пенситæ æмæ æндæр фиддонтæ, кæцыдæр унитарон куыстуæттæ та, кæцытæ раздæр нымад цыдысты æнæпайдаджынтыл, райдыдтой хæссын æфтиаг.

Уыимæ иумæ ма президент банысан кодта, зæгъгæ, ивгъуыд аз парламентмæ цы 30 законы проекты барвыстæуыд, уыдонæй депутаттæ кæй æркастысты æрмæстдæр 13-мæ.

"Нымайын, парламент кæй хъуамæ раива йæ куысты формат. Уымæн нæй бамбарæн ницы хуызы æмæ дзуапп нæ дæтты адæмы интерестæн", - загъта Бибылты Анатолий.

Уый ма банхъардта депутаттæн, кæцытæ нæ цæуынц сесситæм, фембæлын се 'взарджытимæ æмæ сæ бафæрсын, паддзахады бюджет райсой æви нæ.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Уыдон сты адӕмы ӕхцатӕ": Бибылты Анатолий 2021 азмӕ бюджет райсыны тыххӕй

"Фембæлæт Паддзахадон архив æмæ Хъæды хæдзарады кусджытимæ æмæ сæ бафæрсæт, мызд сын фидой, æви нæ. Бафæрсæт "Сырх зонæйы" кусæг медикты, хъæуынц сæ сæ фиддонтæ, æви нæ. Бюджет президент æмæ хицауады нæу, уый у адæмы", - бахахх кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Президент бахæс кодта 20 февралы онг æрбавдисын ивгъуыд азы бакæнгæ куысты хатдзæгтæ, 31 январы онг та - ацы азæн куысты нывæзтытæ.

Хуссар Ирыстоны хицауад отставкӕйы ацыд августы кризисы рӕстӕджы, кӕцы расайдта Цхинвалы ӕвзонг цӕрӕг Дзабиты Иналы амарыны цау. Депутаты иу хай сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕныны куыст ӕрурӕдтой, цалынмӕ генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕной, уӕдмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0