ЦХИНВАЛ, 2 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстонӕн резервон электрохаххы арӕзтад райдайдзӕн ӕввахс рӕстӕджыты - куыддӕр боныгъӕдтӕ фадат радтой, афтӕ, фехъусын кодта премьер-министр Бекъойты Геннадий.
Абоны бон Хуссар Ирыстонмӕ ӕппӕт электроэнерги дӕр хӕццӕ кӕны Уӕрӕсейӕ хахх "Зӕрӕмӕг-Цӕгаттаг портал-Дзау"-ы уылты. Йӕ иу хай цӕуы зынвадат хӕххон фадгуытыл, арӕх ыл ӕрцӕуынц аваритӕ ӕмӕ республикӕ цалдӕргай бонтӕм баззайы ӕнӕ рухсӕй. Уымӕ гӕсгӕ ивгъуыд азы сентябры Мӕскуыйы бафыстӕуыд бадзырд Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы хицауадты хсӕн Ручъы тоннелы уылты резервон хахх ауадзыны фӕдыл.
"Объекты проектон документаци ӕмӕ экспертон хатдзӕг сты цӕттӕ. Иннӕ куыстытӕм та ӕрӕвналдзысты ӕввахс рӕстӕджыты, куыддӕр боныгъӕд фадат радта, афтӕ. Цӕгаттаг порталыл нырма ис мит ӕмӕ уый къуыхцы кӕны хъуыддаг", - загъта Бекъойты Геннадий ПТРК "Ир"-ы журналисттӕн.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныртӕккӕ уагъд цӕуынц проекты техникон аспектты кӕрӕдзимӕ ӕмныхгӕнӕг куыстытӕ.
Хицауады сӕрдар бахахх кодта, ног объект кӕй суыдзӕн электроэнергийы сӕйраг хахх, ныртӕккӕ архайгӕ лини та суыдзӕн резервон.
"Уымӕй мах аскъуыддзаг кӕндзыстӕм ӕрмӕст электроифтонгады ӕдасдзинады фарст нӕ, фӕлӕ ма фӕхуыздӕр кӕндзыстӕм республикӕйы инвестицион зӕрдӕмӕдзӕугӕдзинад,уый фӕахъаз уыдзӕн бизнесы райрӕзтӕн", - загъта уый.
Куыстыты сӕйраг хай, нывӕзтмӕ гӕсгӕ, кӕронмӕ хъуамӕ бахӕццӕ уой 2021 азы. Объект арӕзт ӕрцӕудзӕн Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты, рахицӕн ын ӕрцӕудзӕн 760 милуан соммӕ ӕввахс.