Хуссар Иры иу сабидоны бакодтой карантин

© Sputnik / Алексей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæКарантин
Карантин  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.09.2021
Рафыссын
Уымӕй дарддӕр ма ӕртыццӕджы ахуырады министрады фехъусын кодтой Цхинвалы фӕндзӕм скъолайы сӕхгӕды тыххӕй
ЦХИНВАЛ, 22 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд улӕфт бонты карантиныл ноджы сӕхгӕдтой Цхинвалы 18-ӕм сабидон ӕмӕ ӕртӕ къласы, фехъусын кодта Sputnik столицӕйы ахуыры хайады гӕс Сиукъаты Ольга.
"Сабидоны къӕбицы кусджытӕ сты иууылдӕр рынчын, сӕ диагноз сбӕлвырд кодтой лабораторион уавӕрты. Ноджы ма цалдӕр скъолайы дӕр цыппар къласы карантин адарддӕр кодтой 24 сентябрьмӕ", - загъта ахуырады хайады гӕс. 
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, иумӕйаг карантин бакӕнынӕн нырма бындур нӕй.
Цхинвалы фӕндзӕм скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.09.2021
Хуссар Иры скъолатӕй иу сӕхгӕдтой карантиныл коронавирусы тыххӕй
"Уымӕй размӕ цы къордтӕ сӕхгӕдтой, уыдон скусдзысты ног къуыри. Ӕрвылбон та медкусджытӕ бӕрӕг кӕнынц ахуыргӕнӕн уагдӕтты уавӕр ӕмӕ дӕттынц информаци цӕстдарды комитетмӕ. Иу рынчын дӕр куы сбӕлвырд уа, уӕд уый у кълас сӕхгӕныны бындур", - бафтыдта уый.
Уымӕй дарддӕр ӕртыццӕджы ахуырады министрады фехъусын кодтой фӕндзӕм скъолайы сӕхгӕды тыххӕй. 
Ног хабӕртты лентӕ
0