Цхинвалы фӕстаг хӕрзбон загътой Фыдыбӕстӕйон хӕсты активон архайӕг Хацырты Валерийӕн

© Sputnik / Плиты ФатимаЦхинвалы фӕстаг хӕрзбон загътой Фыдыбӕстӕйон хӕсты активон архайӕг Хацырты Валерийӕн
Цхинвалы фӕстаг хӕрзбон загътой Фыдыбӕстӕйон хӕсты активон архайӕг Хацырты Валерийӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы йе 'нусон бынатмӕ афӕндараст кодтой Хуссар Ирыстоны 1990- ӕм ӕзты Фыдыбӕстӕйон хӕсты активон архайӕг Хацырты Валерийы. Дзабиты Геннадийы уынгмӕ зианмӕ ӕрӕмбырд бирӕ адӕм – йӕ хиуӕттӕ, сыхӕгтӕ, коллегӕтӕ ӕмӕ хӕстон ӕмгӕрттӕ.
Фыдохы митингы Хацырты Валерийы цардвӕндаджы тыххӕй цыбыртӕй ӕрдзырдта йӕ хӕстон ӕмгар Зӕгъойты Феликс. Уый радзырдта, Хацырты Валерийы фыццаг хӕст кӕй ӕрыййӕфта Дзӕуджыхъӕуы.

"1989 азы хӕстон архайдтытӕ куы сцайдагъ сты Хуссар Ирыстоны, уӕд Валерий ныууагъта йӕ хъуыддӕгтӕ Цӕгат Ирыстоны, ӕрыздӕхт фӕстӕмӕ ӕмӕ бацыд знаджы ныхмӕ тохы. Уыд номдзыд командир Коцты Грийы къорды. Бирӕ фыдбылызты-иу хаудыстӕм. Хӕцӕнгӕрз дӕр нӕм нӕ уыд. Вале уӕд йӕ сыхагӕй рахаста СВД ӕмӕ йӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ хъазгӕйӕ хуыдтам "Есвете", - радзырдта Зӕгъойты Феликс.

Уый ма банысан кодта, Хацырты Валерий хӕлар кӕй уыд къорды адӕмимӕ иууылдӕр. Бирӕ йӕ уарзтой сыхы дӕр.
Хацырты Валерий уыд Хуссар Ирыстоны 1990-ӕм ӕзты хӕсты хъахъхъӕнджытӕй иу, Мӕхъӕлимӕ хӕсты архайӕг, столицӕйы донифтонгады уагдоны раздӕры разамонӕг. Рацард 68 азы, йӕ мӕлӕт ссис ӕнӕнхъӕлӕджы фыдохы цау йе 'ввахс адӕм ӕмӕ хӕлӕрттӕн. Уый рарынчын ис ӕрмӕст цалдӕр мӕйы размӕ, ӕнхъӕлмӕ йӕм кастысты снӕниз уӕвынмӕ.
Валерий Хацырты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.11.2021
Ирыстоны ӕцӕг патриот: ӕмтохонтӕ ӕмӕ коллегӕтӕ Хацырты Валерийы тыххӕй
Ног хабӕртты лентӕ
0