Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг фембӕлд Италийы парламенты депутаттимӕ

CC BY 2.0 / Simone Ramella / Palazzo MontecitorioХуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг фембӕлд Италийы парламенты депутаттимӕ
Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг фембӕлд Италийы парламенты депутаттимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий фембӕлд италиаг парламенты депутаттимӕ Монтечиториойы Галуаны Римы.
Хуссар Ирыстоны ӕддагполитикон уагдоны сӕргълӕууӕг бабӕрӕг кодта Италийы парламент италиаг депутатты къорды ӕрхындӕй, хъусын кӕны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) пресс-службӕ.
Фембӕлды хайад райстой Италийы парламенты депутат "Альтернатива" партийӕ, фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты фӕдыл комитеты вице-президент Пино Кабрас, Италийы парламенты депутат парти "Лига"-йӕ ӕмӕ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты фӕдыл комитеты уӕнг Вито Коменчини.
"Фембӕлды рӕстӕджы ӕрныхас кодтой ӕхсӕнпарламентон ӕмӕ ӕхсӕнпартийон ӕмархайд сфидар кӕныны перспективӕтыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Медойты Дмитрий загъта бузныг ӕрхуынды тыххӕй, афтӕ ма Хуссар Ирыстоны интерестӕн ӕххуысы тыххӕй.
Хуссар Иры банхъардтой саразын глэмпинг-парктӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.11.2021
Хуссар Иры банхъардтой саразын глэмпинг-парктӕ
"Министр банысан кодта, италиаг парламенты депутаттӕн бар ис зонын Хуссар Ирыстоны позици йӕ алыварс цы процесстӕ цӕуы, уыдон тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ гуырдзиаг-америкӕйаг пропагандӕ алцыдӕр аразы, цӕмӕй Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ хайад ма исой ӕхсӕнадӕмон фӕзуатты фембӕлдты", - банысан кодтой уагдоны.
Афтӕ ма ӕрдзырдтой ӕхсӕнадӕмон ӕмӕ регионалон боны фӕткы цалдӕр фарстыл ӕмӕ Кавказы ӕдасдзинадыл Хӕххон Карабахы хӕсты фӕстӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0