Хуссар Иры Гарзджын тыхты сыстын кодтой фӕдисы

© Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Иры Гарзджын тыхты сыстын кодтой фӕдисы
Хуссар Иры Гарзджын тыхты сыстын кодтой фӕдисы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ахуырадон фӕдисы сыстын кодтой Гарзджын тыхты дӕлхайӕдты, хъусын кӕны республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.
Уагдоны банысан кодтой, ахуырадон фӕдис уагъд кӕй цӕуы ӕфсӕдты хӕстон цӕттӕдзинады къуырийы фӕлгӕтты.
"Сигнал куы райстӕуыд, уӕд сӕххӕст кодтой мадзӕлтты комплекс, цӕмӕй ӕфсӕдты ӕркӕной хӕстон цӕттӕдзинады уӕлдӕр къӕпхӕнмӕ. Дарддӕр съкуыддзаг цыдысты хӕслӕвӕрдтӕ интрукцитӕм гӕсгӕ, цӕмӕй ӕфсӕддон дӕлхайӕдтӕ ракӕной сабыр рӕстӕгӕй хӕстонмӕ", - радзырдтой уагдоны.
Министрады ма бафтыдтой, Хуссар Ирыстоны националон ӕфсады хӕстон цӕттӕдзинады басгӕрст уагъд кӕй цӕуы иудадзыг хӕстон цӕттӕкӕнынады нывӕзтмӕ гӕсгӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0