Хуссар Иры куыд ивдзӕн ӕртаджы аргъ: эксперты комментари

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы ӕртаггӕнӕн станц
Цхинвалы ӕртаггӕнӕн станц - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны территорийыл ӕртаджы аргъ ӕввахс рӕстӕджы нӕ фӕивдзӕн, нымайы эксперт, ЗИИ зонадон кусӕг Дзабиты Вячеслав.
Украинӕйы уӕрӕсейӕг сӕрмагонд хӕстон операцийы фӕстӕ УФ фӕцис санкиты бын, сӕ нымӕцы нефты баластыл тобӕ ӕндӕр бӕстӕтӕм. Уыимӕ иумӕ уӕрӕсейаг эксперттӕ рагзагъд кӕнынц, зӕгъгӕ, дунейы экспортимӕ сӕвзӕргӕ уавӕры тыххӕй бӕстӕйы фӕкъаддӕр уыдзӕн ӕртаджы аргъ 20 проценты онг. Ома бензины аргъ гӕнӕн ис фӕкъаддӕр уа 7 сомы онг.
"Хуссар Ирыстоны ӕртаджы аргъ нӕ фӕивдзӕн ӕввахс рӕстӕджы, уымӕн ӕмӕ баст сты Уӕрӕсейы ӕргътимӕ", - загъта Дзабиты Вячеслав.
Уый ма бафиппайдта, ныр дӕр Уӕрӕсейы бензины аргъ кӕй фӕкъаддӕр ис цыппар сомы бӕрц.
"Ӕлхӕнӕг ӕмӕ уӕййаг законмӕ гӕсгӕ аргъ фӕкъаддӕр ис, уымӕн ӕмӕ Уӕрӕсейы базары ӕртаг сбирӕ, бирӕ бӕстӕтӕ кӕй сӕвӕрдтой тобӕ уӕрӕсейаг импортыл, уый фӕдыл. Уӕрӕсейаг регионтӕй кӕцыдӕртӕ ӕрӕппӕрстой аргъ, фӕлӕ уымӕй бындӕр нал ӕруадздзысты, уымӕн ӕмӕ уӕд зиан хӕсдзысты амалиуӕггӕнджытӕ ӕмӕ паддзахадон фидонты бӕрц ӕрхаудзӕн", - загъта эксперт.
Амалиуæггæнæг: хæлцадыл æргътæ хизынц 50 процентмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.03.2022
Амалиуæггæнæг: хæлцады æргътæ хизынц 50 проценты онг
Уый ма рагзагъд кӕны, зӕгъгӕ, Уӕрӕсейӕн фӕсарӕйнаг базар куы байгом уа, уӕд та ӕртаджы аргъ ацӕудзӕн уӕлӕмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0