https://sputnik-ossetia.com/20220419/khussar-iry-teatry-banysan-kandzysty-zynga-rezhisser-khuygaty-geory-anuson-yubiley-16365707.html
Хуссар Иры театры банысан кӕндзысты зынгӕ режиссер Хуыгаты Георы ӕнусон юбилей
Хуссар Иры театры банысан кӕндзысты зынгӕ режиссер Хуыгаты Георы ӕнусон юбилей
Sputnik Хуссар Ирыстон
Ивгъуыд ӕнусты РХИ паддзахадон театры цы номдзыд режиссертӕ куыста, уыдоны ирддӕртӕй иу уыд Хуыгаты Геор. Театралон архайдӕй дарддӕр уымӕн йӕ ном айхъуыст... 19.04.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-04-19T10:17+0300
2022-04-19T10:17+0300
2022-04-19T11:40+0300
ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны
культурӕ
театр
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/752/28/7522895_0:156:3001:1844_1920x0_80_0_0_b4cf64dd5f6c11219c1a27db0d1e0139.jpg
ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Зындгонд режиссер, фыссӕг ӕмӕ драматург Хуыгаты Георы ӕнусон юбилейы цытӕн Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры сценӕйыл равдисдзысты спектакль "Сӕтти ӕмӕ Бӕтти", фехъусын кодта Sputnik ПДТ аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан.Ивгъуыд ӕнусты РХИ паддзахадон театры цы номдзыд режиссертӕ куыста, уыдоны ирддӕртӕй иу уыд Хуыгаты Геор. Театралон архайдӕй дарддӕр уымӕн йӕ ном айхъуыст литературӕ ӕмӕ драматургийы дӕр.Комеди ПДТ сценӕйыл равдисдзысты цыппӕрӕмы, 21 апрелы."Хуыгаты Георы 100 азы юбилей банысан кӕндзыстӕм къорд мадзалӕй, фӕлӕ уал нывӕзты фыццаг у мастерӕн йӕхи пьесӕмӕ гӕсгӕ ӕвӕрд спектакль "Сӕтти ӕмӕ Бӕтти", - бафтыдта ПДТ аивадон къухдариуӕггӕнӕг.Спектакль ныр цӕуы режиссер Дзудцаты Тамерланы бакастӕй, сӕвӕрдта йӕ 2020 азы.Хугаты Геор райгуырд Цӕгат Ирыстоны Ногиры хъӕуы 1922 азы Хуссар Ирыстонӕй лигъдӕтты бинонтӕм, хъӕуӕн йӕ сӕвзӕрды хӕд фӕстӕ. Каст фӕцис Дзӕуджыхъӕуы театралон ахуыргӕнӕндон. Уый фӕстӕ йӕ ахуыр адарддӕр кодта режиссеры дӕсныйадыл Мӕскуыйы театралон институты (ГИТИС). Уый фӕстӕ кусын райдыдта Цӕгат Ирыстоны театры, стӕй рацыд хуссармӕ. Ам уый сӕвӕрдта ахӕм спектакльтӕ, куыд Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесӕмӕ гӕсгӕ "Амран", Уанеты Владимиры "Хилакы фидар", Хетӕгкаты Къостайы поэмӕмӕ гӕсгӕ "Фатимӕ" ӕмӕ ӕндӕртӕ.
https://sputnik-ossetia.com/20220414/drgvtin-pauzyy-fst-khussar-iry-teatr-snog-kodta-spektaklty-ravdystt-16309234.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/752/28/7522895_166:0:2833:2000_1920x0_80_0_0_38876c28847f3c37fd306c50550f322e.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, культурӕ, театр
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, культурӕ, театр
Хуссар Иры театры банысан кӕндзысты зынгӕ режиссер Хуыгаты Георы ӕнусон юбилей
10:17 19.04.2022 (Ранӕуӕггонд: 11:40 19.04.2022) Ивгъуыд ӕнусты РХИ паддзахадон театры цы номдзыд режиссертӕ куыста, уыдоны ирддӕртӕй иу уыд Хуыгаты Геор. Театралон архайдӕй дарддӕр уымӕн йӕ ном айхъуыст литературӕ ӕмӕ драматургийы дӕр
ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Зындгонд режиссер, фыссӕг ӕмӕ драматург Хуыгаты Георы ӕнусон юбилейы цытӕн Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры сценӕйыл равдисдзысты спектакль "Сӕтти ӕмӕ Бӕтти", фехъусын кодта Sputnik ПДТ аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан.
Ивгъуыд ӕнусты РХИ паддзахадон театры цы номдзыд режиссертӕ куыста, уыдоны ирддӕртӕй иу уыд Хуыгаты Геор. Театралон архайдӕй дарддӕр уымӕн йӕ ном айхъуыст литературӕ ӕмӕ драматургийы дӕр.
"Уый уыд ХХ ӕнусы хуыздӕр специалисттӕй сӕ иу, уый размӕ кодта национ драматурги ӕмӕ архайдта ирон режиссурӕйы скъолайы размӕцыдыл. Хуссар Ирыстоны театралон размӕцыды уымӕн ис егъау хайбавӕрд", - загъта Дзудцаты Тамерлан.
Комеди ПДТ сценӕйыл равдисдзысты цыппӕрӕмы, 21 апрелы.
"Хуыгаты Георы 100 азы юбилей банысан кӕндзыстӕм къорд мадзалӕй, фӕлӕ уал нывӕзты фыццаг у мастерӕн йӕхи пьесӕмӕ гӕсгӕ ӕвӕрд спектакль "Сӕтти ӕмӕ Бӕтти", - бафтыдта ПДТ аивадон къухдариуӕггӕнӕг.
Спектакль ныр цӕуы режиссер Дзудцаты Тамерланы бакастӕй, сӕвӕрдта йӕ 2020 азы.
Хугаты Геор райгуырд Цӕгат Ирыстоны Ногиры хъӕуы 1922 азы Хуссар Ирыстонӕй лигъдӕтты бинонтӕм, хъӕуӕн йӕ сӕвзӕрды хӕд фӕстӕ. Каст фӕцис Дзӕуджыхъӕуы театралон ахуыргӕнӕндон. Уый фӕстӕ йӕ ахуыр адарддӕр кодта режиссеры дӕсныйадыл Мӕскуыйы театралон институты (ГИТИС). Уый фӕстӕ кусын райдыдта Цӕгат Ирыстоны театры, стӕй рацыд хуссармӕ. Ам уый сӕвӕрдта ахӕм спектакльтӕ, куыд Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесӕмӕ гӕсгӕ "Амран", Уанеты Владимиры "Хилакы фидар", Хетӕгкаты Къостайы поэмӕмӕ гӕсгӕ "Фатимӕ" ӕмӕ ӕндӕртӕ.