Цхинвалы мэрия ауадздзӕн концерт Уӕлахизы бонмӕ

© Sputnik / Михаил Хаситы9 Май, Цхинвал
9 Май, Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 май – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны сӕйраг горӕты администрацийы культурӕ, фӕсивӕд ӕмӕ спорты хъуыддӕгты фӕдыл хайад ауадздзӕн бӕрӕгбонон концерт Уӕлахизы Боны цытӕн. Администрацийы пресс-секретарь Кокойты Анна куыд банысан кодта, афтӕмӕй цӕрджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ирд ӕмӕ цымыдисон ралӕудтӕ.
"Республикӕйы сӕйраг фӕзуатыл ралӕудзысты Ирыстоны хуссар ӕмӕ цӕгаттаг хӕйтты адӕмон артисттӕ: Дауыраты Эдуард, Хадыхъаты Алла, Харебаты Вадим, афтӕ ма Иры сгуыхт артисттӕ дӕр - Къабалоты Руслан, Бедойты Тамаз, Сапиты Зӕлинӕ, Ходты Эльбрус, Сланты Ацӕмӕз", - загъта Кокойты Анна.
Уыдонӕй дарддӕр ма, адарддӕр кодта пресс-секретарь, концерты ралӕудзысты ӕвзонг зарӕггӕнджытӕ дӕр.
Уӕлахизы фыстӕджытӕ. Цхинвалы райдыдта акци Полевая почта - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2022
Уӕлахизы фыстӕджытӕ. Цхинвалы райдыдта акци "Полевая почта"
"Уӕлахизы боны цытӕн концерт ацӕудзӕн ахӕм лозунгы бын: "Ма тох кӕнут уырыссӕгтимӕ". Афтӕ хуыйны Андрей Куряевы фыст зарӕг, кӕцы ссис тынг популярон. Уыцы зарӕг дӕр ӕххӕст ӕрцӕудзӕн концерты", - бамбарын кодта пресс-секретарь.
Концерт Цхинвалы Театралон фӕзуатыл ацӕудзӕн 11 майы 18:00 сахатыл.
Республикӕйы культурӕйы министрад дӕр ауадздзӕн къорд мадзалы Уӕлахизы бонмӕ. Столицӕйы сӕйраг фӕзуатыл ацӕудзӕн ӕххӕстмасштабон ӕфсӕддон парад.
Уӕлахизы бон Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.05.2022
"Непокоренные". Хуссар Иры фӕсивӕд хайад райсдзӕн патриотикон акцийы
Ног хабӕртты лентӕ
0