"Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм райрӕзтмӕ": Цӕгат Иры экономикӕйы министр регионы нывӕзтыты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянДзӕуджыхъӕу
Дзӕуджыхъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.05.2022
Рафыссын
Козаты Диана, Sputnik
Цӕгат Ирыстоны ӕввахс аст азы дӕргъы нывӕндынц среализаци кӕнын инвестицион проекттӕ 65 миллиард сомы бӕрц. Мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцӕудзысты регионы экономикон райрӕзты моделы реализацийы фӕлгӕтты. Цы у уыцы модель? Чий ӕ сарӕзта? Цы фӕрӕзты руаджы цӕудзӕн финанскӕнынад? Уый тыххӕй Sputnik интервьюйы радзырдта Цӕгат Ирыстоны экономикон райрӕзты министр Къучиты Зауыр.
- 2030 азы онг экономикон райрӕзты модель у планкӕнынады ног инструмент, кӕцы ӕххӕст цӕуы ныр дыккаг аз. Ӕвзӕрст ӕрцӕуынц регион кӕнӕ территорийы приоритетон здӕхтытӕ, уый руаджы ацы регион райтынг уыдзӕн.
- Ацы моделы ис цалдӕр проекты. Радзурут нын уыдон тыххӕй лӕмбынӕгдӕр
- Уым ис фондз райрӕзтон проекты. Уыдон нымӕцы, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ис туристон кластер "Мамысон", кӕцыйы инвестицитӕ ӕрмӕст фыццаг этапы сты дӕс миллиард сомы, "Хӕххон Дыгур", "Алания-парк", Къӕхтысӕр. Уыдон сты проекттӕ, кӕцытӕ ӕрбаиу кодтой туристон кластермӕ.
Аннӕ здӕхт у аграрон-сӕудӕджерадон комплекс, кӕцыйы дӕр ма ис цалдӕр здӕхты. Афтӕ ма дзы ис сӕудӕджерадон ӕмӕ транспортон-логистикон комплекс.
Куыд бандӕвтой санкцитӕ туризмыл, цы бӕстӕтӕм ис ацӕуӕн улӕфджытӕн – эксперты уынаффӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.04.2022
Куыд бандӕвтой санкцитӕ туризмыл, цы бӕстӕтӕм ис ацӕуӕн улӕфджытӕн – эксперты уынаффӕ
- Уый баххуыс кӕндзӕн арӕнгӕрон цӕрӕн пунктты райрӕзтӕн.
- Транспорт у хӕдзарады сӕйрагдӕр къабӕзтӕ ӕмӕ фадгуытӕй сӕ иу, уый фӕдыл ӕм мах аздӕхтам стыр хъъусдард. Ацы фадыджы махмӕ ис ӕвӕрццаг миниуджытӕ: ӕхсӕнадӕмон аэропорт, ӕфсӕнвӕндаг ӕмӕ транспортон тугдадзинтӕ, кӕцытӕ иу кӕнынц цӕгат скӕсӕнимӕ.
Карсанты Гурам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.04.2022
"Мах стӕм ирӕттӕ - уый уын нӕ культурӕ": Карсанты Гурам Хуссар Иры ног турсезоны тыххӕй
Цас фӕфылдӕр уыдзӕн туристты нымӕц республикӕмӕ ацы проектты реализацийы фӕстӕ?
- Мах, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рахицӕн кодтам туризмы "Мамысон". Уый у сӕйраг проект. Мидӕггагон туризм ныртӕккӕ у тынг актуалон арӕнты сӕхгӕды тыххӕй. Ӕввахс дӕс азы мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм тынг бирӕ туристтӕм.
- Мах уырны, Цӕгат Ирыстонмӕ цы туристтӕ цӕуой, уыдоны кӕй бафӕнддзӕн фенын Хуссар Ирыстон дӕр, ӕмӕ уый баххуыс кӕндзӕн бынӕттон туризмы райрӕзтӕн дӕр.
- Мах нывӕндӕм райтынг кӕнын хӕларадон ахастытӕ, фыццаджыдӕр, Хуссар Ирыстонимӕ. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны фылдӕр проблемӕтӕ ис ацы къабазы – цӕрӕны бынӕттӕ ӕмӕ лӕггӕдтимӕ. Чи ӕрцӕуы, уыдонӕй бирӕты бафӕнды фенын Хуссар Ирыстоны диссаджы ӕрдз дӕр, фӕлӕ уый тыххӕй хъӕуы райтынг кӕнын лӕггӕдтӕ, амайын уазӕгдӕттӕ, ӕмӕ ӕрдз, адӕм, хӕлцад – уыдон та сӕхимӕ ӕлвасдзысты туристты.
Ног хабӕртты лентӕ
0