https://sputnik-ossetia.com/20220429/makh-stam-iratta---mana-uyn-na-kultura-karsanty-guram-khussar-iry-nog-tursezony-tykhkhay-16523444.html
"Мах стӕм ирӕттӕ - уый уын нӕ культурӕ": Карсанты Гурам Хуссар Иры ног турсезоны тыххӕй
"Мах стӕм ирӕттӕ - уый уын нӕ культурӕ": Карсанты Гурам Хуссар Иры ног турсезоны тыххӕй
Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры кӕнынц ног туристон сезон. Куыд уыд ацы фадыджы хабар фӕстаг цалдӕр азы коронавирусы пандемийы ӕмӕ ӕхгӕд арӕнты уавӕрты? Куыд ссарынц туристтӕ... 29.04.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-04-29T17:05+0300
2022-04-29T17:05+0300
2022-04-29T17:05+0300
хуссар ирыстоны
интервью
туризм
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/15/15979674_0:0:3000:1688_1920x0_80_0_0_2cb4f277bd277d7d6453e3dfcfa0d515.jpg
"Внутренний туризм может обрести новый виток популярности" - Карсанов
Sputnik Хуссар Ирыстон
Ввиду санкционной политики запада выезд российских туристов в ряд стран стал невозможным. Как рассказал туристический гид Гурам Карсанов, внутренний туризм в таких условиях может обрести новый виток популярности, как в России, так и в Южной Осетии
Хуссар Иры кӕнынц ног туристон сезон. Куыд уыд ацы фадыджы хабар фӕстаг цалдӕр азы коронавирусы пандемийы ӕмӕ ӕхгӕд арӕнты уавӕрты? Куыд ссарынц туристтӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ куыд ӕрцӕуынц? Цахӕм уыдзӕн ног сезон? Уыдон ӕмӕ ноджы бирӕ ӕндӕрты тыххӕй йӕ интервьюйы Sputnik радзырдта гид ӕмӕ экскурситӕ уадзӕг Карсанты Гурам.Козаты Диана, SputnikГурам куыд дзуры, афтӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр ӕнхъӕл нӕ уыд, ацы аз ӕгӕрыстӕмӕй апрелы дӕр ахӕм бирӕ бӕлццӕтты кӕй фӕнддзӕн ӕрцӕуын, уымӕн ӕмӕ туристты фылдӕр хай сӕ балцытӕ райдайынц маййӕ. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый баст у, уӕрӕсейӕгты фылдӕр хайӕн ацӕуӕн кӕй никуыдӕм ис, уыимӕ. Туристтӕ, Гурамы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн иттӕг хорз сахуыр кодтой Цӕгат Кавказ, ныр, зӕгъӕн, ис ӕмӕ республикӕ дӕр райдыдтой кӕнын сӕхицӕн ӕмӕ "тынг ӕхсызгон у уӕрӕсейӕгты Хуссар Ирыстонимӕ зонгӕ кӕнын".- Фӕстаг дыууӕ азы арӕнтӕ ӕхгӕд уыдысты коронавирусы пандемийы тыххӕй - т цыбыртӕй дзургӕйӕ, цахӕм уыдысты уыцы сезонтӕ?- 2020 азы ӕрдӕг мах уыдыстӕм иппӕрд ӕнӕхъӕн дунейӕ, арӕн бакодтой ӕрмӕстдӕр 15 сентябрӕй, фӕлӕ нӕм уайтагъд дыккаг бонӕй райдыдтой цӕуын. Ома, Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцӕуын кӕй фӕндыд, уыдон сӕ хъус дардтой уавӕрмӕ. Уыцы аз фӕззӕг дӕр хъӕрмттӕ бирӕ ахаста, уымӕ гӕсгӕ туристтӕ цыдысты махмӕ декабры онг. 2021 аз дӕр йӕхи равдыста фӕстиуӕгджынӕй. Фӕлӕ ацы аз ӕз фылдӕр адӕммӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Фӕлӕ ивгӕ дӕр бирӕ адӕм акодтой сӕ балцытӕ, фылдӕр бӕрцӕй турфирмӕты аххосӕй. Ныртӕккӕ нӕм ис бинонтӕ Уӕрӕсейӕ, уыдон ӕрцыдысты сӕхӕдӕг, ӕнӕ турфирмӕйы ӕххуысӕй. Турфирмӕты лӕггӕдтӕн ис фиксацигонд аргъ, уый та фылдӕр бӕрцӕй аслам нӕ вӕййы. Зӕгъӕм, ӕз уадзын ӕрмӕстдӕр экскурситӕ ӕмӕ кӕнын балцыты, уым та хъуамӕ уой хӕрд, цӕрӕнуат, трансферы хӕрдзтӕ. Уымӕ гӕсгӕ, туристтӕ балцытыл экономи кӕнын райдыдтой ӕмӕ аивынц сӕ плӕнттӕ.Уый ӕвзӕр у. - Куыд нӕм цӕуыц туристтӕ фылдӕр хатт - турфирмӕты уылты, ӕви сӕхӕдӕг?- Мах хорз архайӕм ацы фадыг сӕндидзын кӕнынӕн, фӕлӕ нӕм уӕддӕр нӕй фаг фадӕттӕ туристтӕ исынӕн. Республикӕ йӕхӕдӕг дӕр нырма цӕттӕ нӕу бирӕнымӕц туристтӕ исынмӕ. Уымӕ гӕсгӕ нӕм туристты фылдӕр хай ӕрцӕуынц сӕхигъӕдӕй.- Сӕрд ӕрбалӕууы. Тагъд рӕстӕджы райдайдзӕн ног туристон сезон. Цӕмӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?- Мӕн алыхатт дӕр фӕхъӕуы фылдӕр. Нымӕцӕй нӕ, фӕлӕ гъӕдӕй. Мӕ бон у, ӕмӕ банысан кӕнон, мӕ куыст азӕй азмӕ кӕй кӕны гъӕдджындӕр, мӕхӕдӕг дӕр фылдӕр цыдӕртӕ базонын, бакӕнын ног лыстӕг хӕйттӕ ацы профессийы - куыд хъӕуы адӕмимӕ дзурын, куыд хъӕуы бизнес аразын. Фӕлӕ ӕндӕр хъуыддаг та уый у, ӕмӕ нӕ алыварс кӕй ницы ивы. Паддзахады кой нал кӕнын. Бынӕттон цӕрджытӕн ӕз арӕх фӕдзурын, зӕгъгӕ, радон ӕнӕпайда дукани кӕныны бӕсты хъӕуты дӕ хӕдзар сцалцӕг кӕн. Фӕлӕ мах адӕм афтӕ ахуыр сты - ӕфтиӕгтӕ сӕ тынг тагъд хъӕуынц. Туризм та дӕргъвӕтин перспективӕ у, бирӕты нырма йӕ пайда уырнгӕ дӕр нӕ кӕны, кӕд сын ӕй ныр ӕхсӕзӕм аз ӕмбарын кӕнын, уӕддӕр. Уымӕй дарддӕр туризм у Хуссар Ирыстоны стыр пропагандӕ, кӕцы феххуыс уыдзӕн нӕ республикӕ банымайыны хъуыддагӕн дӕр. Мах комкоммӕ хӕссӕм нӕ истори. Мах стӕм ирӕттӕ. Ӕмӕ уын мӕнӕ нӕ культурӕ, не 'гъдӕуттӕ, нӕ къӕбиц. Ӕмбарут ӕй? Иттӕг хорз! Бирӕты зӕрдӕтӕ ӕлхӕны уыцы ӕнӕхиндзинад, зӕрдиагдзинад. - Фӕстаг ӕзты Хуссар Ирыстоны фӕзындысты чысыл хисӕрмагонд уазӕгдӕттӕ, ацы лӕггӕдты къабаз цадӕггай размӕ цӕуы. Фӕлӕ цахӕм сты нӕ туристтӕ - уыдон фӕнды хӕхты тезгъойы фӕстӕ хӕрзгъӕд хъарм уазӕгдоны баулӕфын, ӕви ӕрдзы хъӕбысы, хъӕууон хӕдзары бахсӕвиуат кӕнын?- Хӕхты куы ӕхсӕвиуат кӕнай, уӕддӕр дын хъуамӕ уа комфортон уавӕртӕ. Комфорт ӕмӕ ӕдасдзинад сты фыццаг рады. Хъарм, сыгъдӕг, рӕсугъд хъуамӕ уа кӕмдӕриддӕр. Мӕ уазджыты афӕдзӕхсын, нырма ныр кӕй райдыдтам нӕ къӕхтыл лӕууын ӕмӕ нӕм Монако науӕд та Куршавелы уавӕртӕ нӕй. Нырма исӕм туристты нӕ уавӕртӕм гӕсгӕ. - Ды дӕ республикӕйы иууыл зындгонддӕр гид. Хуссар Ирыстоны ма дын ахӕм къуым баззад, кӕцы нӕ бабӕрӕг кодтай ӕмӕ йӕ нӕ сахуыр кодтай?- Мӕхӕдӕг дӕр дисы бахауын. Ӕз афтӕ ӕнхъӕлдтон, алкуыдӕм дӕр бахӕццӕ дӕн, фӕлӕ та мӕнӕ цалдӕр боны размӕ дӕр мӕхицӕн бакодтон ног бынат, фидӕртты комплекс. Биеты аргъуан. Уый ис Цхинвалы районы. Дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты ацыдтӕн йӕ иувӕрсты ӕмӕ йӕ нӕ зыдтон. Уый у иууыл уникалондӕр архитектурон арӕзтад, кӕцы ссардтон фӕстаг рӕстӕджы. Баззад ма ноджы иу ком, кӕцыйы бынтондӕр никуы уыдтӕн - Дзомагъы. Хъӕуы ма мӕ хуыздӕр сахуыр кӕнын Чысыл Леуахийы цӕугӕдоны ратӕдзӕнтӕ - Медзыда ӕмӕ Лехурагом. Афтӕ ма мын прицелы ис 20 объекты онг, кӕцыты тыххӕй фехъуыстон. Нырма сӕ нӕ зонын, кӕмыты сты, фӕлӕ сӕ ссардзӕн. - Зӕгъ ма нын, дӕ хорзӕхӕй, иууыл популярондӕр къабӕзтӕ, кӕцытӕ ӕнӕмӕнгдӕр ӕнхъарыс туристтӕн фенын Хуссар Иры. - Хӕхты бӕрзӕндтӕм алкӕй бон нӕ вӕййы схизын, фӕлӕ уырдыгӕй рафӕлгӕсын вӕййы иу диссаг. Фӕлӕ ӕз фенхъарын Синагур, Эрцъо, Бубы айнӕг, Билуртайы ӕфцӕг, Джеры дзуар, Къусджытӕ. Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕм быдирон бынӕтты ницы ис цымыдисонӕй, фӕлӕ афтӕ нӕу. Кӕмдӕрты зымӕджы вӕййы ӕгӕрон рӕсугъд, кӕмдӕрты та сӕрды, цъӕх-цъӕхид кӕндӕгимӕ. Зӕгъӕм, Зиулеты, Бахъаты хъӕуы. Цад, дидинджытӕ, чысыл обӕуттӕ, рагон аргъуан хохрӕбын. Уымӕ гӕсгӕ мӕн фӕнды, цӕмӕй фылдӕр райхалӕм Знауыры район. Ныры онг уал ӕмбулы Дзауы район, афтӕ Ленингор дӕр. Къаддӕр хъусдард ис Цхинвалы районмӕ.
https://sputnik-ossetia.com/20211112/premer-ministr-ardzyrdta-dyguyzty-zarinaima-khussar-iry-turizmy-rayrazty-perspektivatyl-14680446.html
https://sputnik-ossetia.com/20160819/2907617.html
https://sputnik-ossetia.com/20220208/margity-irbeg-khalatsa-tsantsakh-mkhussar-iry-ndr-khkhty-iraynag-nmtty-tykhkhy-15446919.html
https://sputnik-ossetia.com/20191008/Usanety-kuvndon-Dznty-kuym-Irystony-brzndyl-9384597.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/15/15979674_183:0:2850:2000_1920x0_80_0_0_e2c5b9edd5176f26d4074f30e66435d9.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, интервью, туризм
хуссар ирыстоны, интервью, туризм
Хуссар Иры кӕнынц ног туристон сезон. Куыд уыд ацы фадыджы хабар фӕстаг цалдӕр азы коронавирусы пандемийы ӕмӕ ӕхгӕд арӕнты уавӕрты? Куыд ссарынц туристтӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ куыд ӕрцӕуынц? Цахӕм уыдзӕн ног сезон? Уыдон ӕмӕ ноджы бирӕ ӕндӕрты тыххӕй йӕ интервьюйы Sputnik радзырдта гид ӕмӕ экскурситӕ уадзӕг Карсанты Гурам.
Гурам куыд дзуры, афтӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр ӕнхъӕл нӕ уыд, ацы аз ӕгӕрыстӕмӕй апрелы дӕр ахӕм бирӕ бӕлццӕтты кӕй фӕнддзӕн ӕрцӕуын, уымӕн ӕмӕ туристты фылдӕр хай сӕ балцытӕ райдайынц маййӕ. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый баст у, уӕрӕсейӕгты фылдӕр хайӕн ацӕуӕн кӕй никуыдӕм ис, уыимӕ. Туристтӕ, Гурамы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн иттӕг хорз сахуыр кодтой Цӕгат Кавказ, ныр, зӕгъӕн, ис ӕмӕ республикӕ дӕр райдыдтой кӕнын сӕхицӕн ӕмӕ "тынг ӕхсызгон у уӕрӕсейӕгты Хуссар Ирыстонимӕ зонгӕ кӕнын".
- Фӕстаг дыууӕ азы арӕнтӕ ӕхгӕд уыдысты коронавирусы пандемийы тыххӕй - т цыбыртӕй дзургӕйӕ, цахӕм уыдысты уыцы сезонтӕ?
- 2020 азы ӕрдӕг мах уыдыстӕм иппӕрд ӕнӕхъӕн дунейӕ, арӕн бакодтой ӕрмӕстдӕр 15 сентябрӕй, фӕлӕ нӕм уайтагъд дыккаг бонӕй райдыдтой цӕуын. Ома, Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцӕуын кӕй фӕндыд, уыдон сӕ хъус дардтой уавӕрмӕ. Уыцы аз фӕззӕг дӕр хъӕрмттӕ бирӕ ахаста, уымӕ гӕсгӕ туристтӕ цыдысты махмӕ декабры онг.
2021 аз дӕр йӕхи равдыста фӕстиуӕгджынӕй. Фӕлӕ ацы аз ӕз фылдӕр адӕммӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Фӕлӕ ивгӕ дӕр бирӕ адӕм акодтой сӕ балцытӕ, фылдӕр бӕрцӕй турфирмӕты аххосӕй. Ныртӕккӕ нӕм ис бинонтӕ Уӕрӕсейӕ, уыдон ӕрцыдысты сӕхӕдӕг, ӕнӕ турфирмӕйы ӕххуысӕй. Турфирмӕты лӕггӕдтӕн ис фиксацигонд аргъ, уый та фылдӕр бӕрцӕй аслам нӕ вӕййы. Зӕгъӕм, ӕз уадзын ӕрмӕстдӕр экскурситӕ ӕмӕ кӕнын балцыты, уым та хъуамӕ уой хӕрд, цӕрӕнуат, трансферы хӕрдзтӕ. Уымӕ гӕсгӕ, туристтӕ балцытыл экономи кӕнын райдыдтой ӕмӕ аивынц сӕ плӕнттӕ.Уый ӕвзӕр у.
- Куыд нӕм цӕуыц туристтӕ фылдӕр хатт - турфирмӕты уылты, ӕви сӕхӕдӕг?
- Мах хорз архайӕм ацы фадыг сӕндидзын кӕнынӕн, фӕлӕ нӕм уӕддӕр нӕй фаг фадӕттӕ туристтӕ исынӕн. Республикӕ йӕхӕдӕг дӕр нырма цӕттӕ нӕу бирӕнымӕц туристтӕ исынмӕ. Уымӕ гӕсгӕ нӕм туристты фылдӕр хай ӕрцӕуынц сӕхигъӕдӕй.
- Сӕрд ӕрбалӕууы. Тагъд рӕстӕджы райдайдзӕн ног туристон сезон. Цӕмӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?
- Мӕн алыхатт дӕр фӕхъӕуы фылдӕр. Нымӕцӕй нӕ, фӕлӕ гъӕдӕй. Мӕ бон у, ӕмӕ банысан кӕнон, мӕ куыст азӕй азмӕ кӕй кӕны гъӕдджындӕр, мӕхӕдӕг дӕр фылдӕр цыдӕртӕ базонын, бакӕнын ног лыстӕг хӕйттӕ ацы профессийы - куыд хъӕуы адӕмимӕ дзурын, куыд хъӕуы бизнес аразын.
Фӕлӕ ӕндӕр хъуыддаг та уый у, ӕмӕ нӕ алыварс кӕй ницы ивы. Паддзахады кой нал кӕнын. Бынӕттон цӕрджытӕн ӕз арӕх фӕдзурын, зӕгъгӕ, радон ӕнӕпайда дукани кӕныны бӕсты хъӕуты дӕ хӕдзар сцалцӕг кӕн. Фӕлӕ мах адӕм афтӕ ахуыр сты - ӕфтиӕгтӕ сӕ тынг тагъд хъӕуынц. Туризм та дӕргъвӕтин перспективӕ у, бирӕты нырма йӕ пайда уырнгӕ дӕр нӕ кӕны, кӕд сын ӕй ныр ӕхсӕзӕм аз ӕмбарын кӕнын, уӕддӕр.
Уымӕй дарддӕр туризм у Хуссар Ирыстоны стыр пропагандӕ, кӕцы феххуыс уыдзӕн нӕ республикӕ банымайыны хъуыддагӕн дӕр. Мах комкоммӕ хӕссӕм нӕ истори. Мах стӕм ирӕттӕ. Ӕмӕ уын мӕнӕ нӕ культурӕ, не 'гъдӕуттӕ, нӕ къӕбиц. Ӕмбарут ӕй? Иттӕг хорз! Бирӕты зӕрдӕтӕ ӕлхӕны уыцы ӕнӕхиндзинад, зӕрдиагдзинад.
- Фӕстаг ӕзты Хуссар Ирыстоны фӕзындысты чысыл хисӕрмагонд уазӕгдӕттӕ, ацы лӕггӕдты къабаз цадӕггай размӕ цӕуы. Фӕлӕ цахӕм сты нӕ туристтӕ - уыдон фӕнды хӕхты тезгъойы фӕстӕ хӕрзгъӕд хъарм уазӕгдоны баулӕфын, ӕви ӕрдзы хъӕбысы, хъӕууон хӕдзары бахсӕвиуат кӕнын?
- Хӕхты куы ӕхсӕвиуат кӕнай, уӕддӕр дын хъуамӕ уа комфортон уавӕртӕ. Комфорт ӕмӕ ӕдасдзинад сты фыццаг рады. Хъарм, сыгъдӕг, рӕсугъд хъуамӕ уа кӕмдӕриддӕр. Мӕ уазджыты афӕдзӕхсын, нырма ныр кӕй райдыдтам нӕ къӕхтыл лӕууын ӕмӕ нӕм Монако науӕд та Куршавелы уавӕртӕ нӕй. Нырма исӕм туристты нӕ уавӕртӕм гӕсгӕ.
- Ды дӕ республикӕйы иууыл зындгонддӕр гид. Хуссар Ирыстоны ма дын ахӕм къуым баззад, кӕцы нӕ бабӕрӕг кодтай ӕмӕ йӕ нӕ сахуыр кодтай?
- Мӕхӕдӕг дӕр дисы бахауын. Ӕз афтӕ ӕнхъӕлдтон, алкуыдӕм дӕр бахӕццӕ дӕн, фӕлӕ та мӕнӕ цалдӕр боны размӕ дӕр мӕхицӕн бакодтон ног бынат, фидӕртты комплекс. Биеты аргъуан. Уый ис Цхинвалы районы. Дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты ацыдтӕн йӕ иувӕрсты ӕмӕ йӕ нӕ зыдтон. Уый у иууыл уникалондӕр архитектурон арӕзтад, кӕцы ссардтон фӕстаг рӕстӕджы.
Баззад ма ноджы иу ком, кӕцыйы бынтондӕр никуы уыдтӕн - Дзомагъы. Хъӕуы ма мӕ хуыздӕр сахуыр кӕнын Чысыл Леуахийы цӕугӕдоны ратӕдзӕнтӕ - Медзыда ӕмӕ Лехурагом.
Афтӕ ма мын прицелы ис 20 объекты онг, кӕцыты тыххӕй фехъуыстон. Нырма сӕ нӕ зонын, кӕмыты сты, фӕлӕ сӕ ссардзӕн.
- Зӕгъ ма нын, дӕ хорзӕхӕй, иууыл популярондӕр къабӕзтӕ, кӕцытӕ ӕнӕмӕнгдӕр ӕнхъарыс туристтӕн фенын Хуссар Иры.
- Хӕхты бӕрзӕндтӕм алкӕй бон нӕ вӕййы схизын, фӕлӕ уырдыгӕй рафӕлгӕсын вӕййы иу диссаг. Фӕлӕ ӕз фенхъарын Синагур, Эрцъо, Бубы айнӕг, Билуртайы ӕфцӕг, Джеры дзуар, Къусджытӕ.
Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕм быдирон бынӕтты ницы ис цымыдисонӕй, фӕлӕ афтӕ нӕу. Кӕмдӕрты зымӕджы вӕййы ӕгӕрон рӕсугъд, кӕмдӕрты та сӕрды, цъӕх-цъӕхид кӕндӕгимӕ. Зӕгъӕм, Зиулеты, Бахъаты хъӕуы. Цад, дидинджытӕ, чысыл обӕуттӕ, рагон аргъуан хохрӕбын.
Уымӕ гӕсгӕ мӕн фӕнды, цӕмӕй фылдӕр райхалӕм Знауыры район. Ныры онг уал ӕмбулы Дзауы район, афтӕ Ленингор дӕр. Къаддӕр хъусдард ис Цхинвалы районмӕ.