Хуссар Иры театр снысан кодта уæрæсейаг режиссеры æвæрд комедийы премьерӕйы бон

© Sputnik / Наталья АйриянГосударственный драматический театр им. Коста Хетагурова
Государственный драматический театр им. Коста Хетагурова - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры сценӕйыл дыццæджы ацæудзæн спектакль "Мирандолинæйы хабæртты" (Трактирщица) премьерӕ, фехъусын кодта Sputnik драмтеатры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан.
Труппӕимæ бакуыста ӕвзонг курдиатджын режиссер, "ГИТИС"-ы рауагъдон Чумаченко Иван.

"Дыццæджы уыдзæн комедийы премьерӕ. Уый у нæ труппæ æмæ уæрӕсейаг режиссеры сфæлдыстадон тандемы куысты хатдзæг", - загъта аивадон къухдариуӕггӕнӕг.

Уӕрӕсейӕг режиссер кусы Советон цӕдисы раздӕры республикӕты ӕмӕ Уӕрӕсейы регионты. Ӕвзонг специалист, кӕцы ахуыр фӕцис ӕрмӕст 2021 азы, сæвӕрдта ныр ӕстӕм спектакль.
Пьесӕ "Трактирщица"-йы ахӕссӕн ис драматикон комедимӕ. Ныффыста йӕ италиаг фыссӕг Карло Гольдони. Архайд цӕуы уындджын сылгоймаг Мариандолинайы алыварс. Ӕрмӕг у Хуссар Ирыстоны театрӕн йӕхи ӕвзӕрст.
Хуссар Иры драмон театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.05.2022
Ӕнкъард комеди: Хуссар Иры театры ацӕудзӕн спектакль "Трактирщица"-йы премьерӕ
Уымæй раазмæ, Чумаченко Sputnik радзырдта , уый кæй у XVII ӕнусы ӕрмӕг, у иуӕй худӕг, фӕлӕ дзы ис нӕлгоймаджы трагеди дӕр. Иудзырдӕй, ӕнкъард комеди у. Сӕйраг хъайтар Мирандолинæ дӕр фӕстагмӕ йӕ лымӕнты иууылдӕр фесафдзӕн, ӕмбарын кӕны спектаклы сусӕгдзинӕдтӕ Чумаченко.
Ног хабӕртты лентӕ
0