Зиан ӕмӕ хъазт: куыд хъуамӕ цӕуой бӕрӕгбонтӕ сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы уавӕрты

© Sputnik / Индира ТасоеваИрон фынг
Ирон фынг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстонмӕ та ацы бонты ӕрыхъуыст, дыууӕ цхинвайлаг хӕстоны кӕй фӕмард сты Донбассы, ноджы ма ӕртӕйӕ та райстой уӕззау цӕфтӕ.
Февралы 24 нымӕцы Уӕрӕсе куы райдыдта йӕ сӕрмагонд ӕфсӕддон операци, уӕдӕй нырмӕ ӕдзухон ссисты зианы хабӕрттӕ куыд Ирыстоны цӕгаты, афтӕ хуссары дӕр. Зӕгъӕн ис, ӕрвылкъуыри дӕр Ирыстон хӕрзбон дзуры йӕ хӕстонтӕн. Уыимӕ иумӕ республикӕйы нысан кӕнынц бӕрӕгбонтӕ. Горӕты администрацийы фехъусын кодтой, сӕрды столицӕйы кӕй хъуамӕ сног кӕной ирон хъазтытӕ.
Sputnik бацымыдис кодта адӕмы хъуыды, республикӕйыл ахӕм уӕззау рӕстӕджы ӕмбӕлы бӕрӕгбонтӕ кӕнын ӕви нӕ, уый фӕдыл.
"Мах Згъудеры Дзуарӕн кувӕн бон нӕ сыхы банысан кодтам сабырӕй. Нӕхи бафӕдзӕхстам, скуывтам. Раздӕр сывӕллӕттӕн хъавыдыстӕм аниматортӕ фӕхонынмӕ, афтӕ ма музыканттӕм дӕр, фӕлӕ та нӕм стӕй ноджы дыууӕ хъайтары мӕлӕт ӕрыхъуыст ӕмӕ уавӕр хынцгӕйӕ, хиирхӕфсӕн хай аивтам. Цхинвал чысыл горӕт у, иууылдӕр кӕрӕдзи зонӕм, ӕмӕ зианӕн та кад кӕнын хъӕуы", - загъта Цхинвалы Мамсырайы уынджы цӕрӕг Изольда.
Февралӕй, ӕфсӕддонты зиӕнттӕ куы сарӕх сты, уӕдӕй фӕстӕмӕ горӕт саударджытӕй байдзаг.
Ирон хъазт Къостайы скверы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.07.2020
Ирон изӕр Къостайы скверы: куыд сарӕзта Цхинвалы фӕсивӕд "Ирон хъазт"
"Сӕ туг цы лӕппутӕ ныккалдтой, уыдонӕн фыццаг рады мах хъуамӕ кад кӕнӕм. Сӕ номыл, сӕ кадӕн мах хъуамӕ стыр бӕрӕгбонтӕм ма тырнӕм. Бынтон цард не 'руромдзыстӕм, фӕлӕ концерттӕ ӕмӕ хъазтыты рӕстӕг нӕу", - загъта ӕвзонг лӕппу Батрадз.
Уыимӕ иумӕ, Цхинвалы цӕрджытӕй бирӕтӕ нымайынц, цард ӕмӕ мӕлӕт ӕппынӕдзух кӕй ӕмдзу кӕнынц ӕмӕ цӕрын хъӕуы дарддӕр.
"Иу кӕрты чындзӕхсӕв ӕмӕ зиан куы вӕййы, уый этикӕйы фарст у. Фӕлӕ республикӕ паддзахадон бӕрӕгбон куы нысан кӕна, ӕмӕ горӕты та зиан куы рцӕуа, уӕд уый цард у. Цас хъуамӕ уа республикӕ фыдохы?", - загъта горӕты цӕрӕг Хаситы Михаил.
Уыимӕ разы у ӕвзонг чызг Мария дӕр.
Присы фӕстаг хӕрзбон загътой Донбассы фӕмардуӕвӕг Бестауты Ацӕмӕзӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2022
Хъӕбатыр ӕмӕ бӕрнон: Присы фӕстаг хӕрзбон загътой Донбассы фӕмардуӕвӕг Бестауты Ацӕмӕзӕн
"Уӕрӕсейы ауагътой егъау концерт ӕфсӕддон операцийы тыххӕй. Ӕгӕрыстӕмӕй Стыр Фыдыбӕстон хӕсты рӕстӕджы дӕр цыдысты концерттӕ", - загъта уый.
Уӕрӕсейы хӕстон операцийы райдайӕнӕй Хуссар Ирыстонӕй фӕмард ис 15 адӕймаджы, сӕ нымӕцы ӕфсӕддонтӕ, бархионтӕ ӕмӕ хисӕрмагонд ӕфсӕддон компанийы кусджытӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0