Сӕ хъару иннӕты разӕнгард кӕны: депутат сӕрмагонд операцийы архайӕг ирон хӕстонты тыххӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan Санахъты Дауыт
Санахъты Дауыт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Уӕрӕсейы ӕфсӕддон операцийы цы ирон хӕстонтӕ архайынц, уыдонӕн сӕ ныфс нӕ сӕтты ӕмӕ хъаруйӕ дӕнцӕг сты ӕндӕр хӕстонтӕн дӕн, нымайы парламенты депутат Санахъоты Дауыт, кӕцы ӕрӕджы ӕрыздӕхт Донбассӕй.
Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ цыппарӕй - Мулдарты Гарри, Санахъоты Дауыт, Дриаты Заза ӕмӕ Медойты Дзамболат ӕрӕджы ӕрыздӕхтысты Донбассӕй. Парламентарийты къорд нылластой ӕххуыс ӕмӕ фембӕлдысты ирон ӕфсӕддонтимӕ.
"Нӕ зӕрдӕтӕ барухс сты, фидарӕй лӕууынц сӕ къахыл, сӕ ныфс фидар у, ӕхсызгон сӕм у бакӕсын. Нӕ фӕсивӕды фӕрцы аннӕ ӕфӕддонтӕ дӕр сӕ хъуыддагмӕ кӕсынц ӕндӕр цӕстӕй", - дзуры Санахъотӕ Дауыт.
Уый ма банысан кодта, сӕ къорд кӕй архайдта фембӕлын ӕппӕт ирон ӕфсӕддонтимӕ.
"Мах фембӕлдыстӕм Дзӕуджыхъӕуӕй къордыл дӕр. Нӕ хъуыды дӕр афтӕ уыд, фембӕлын ирон ӕфсӕддонтимӕ Цӕгат Ирыстонӕй ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй дӕр", - бафтыдта депутат.
Уый нымайы, нӕ хӕстонты арӕхстджын архайдӕн ахъаз фӕцис 2008 азы хӕсты фӕлтӕрддзинад.
Хуссар Иры депутатты къорд фæхæццæ клдта гуманитарон æххуыс æфсæддонтæн Донбассы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.06.2022
Хуссар Иры депутатты къорд фæхæццæ кодта гуманитарон æххуыс æфсæддонтæн Донбассы
"Бирӕты фӕлтӕрддзинады фӕрцы нӕ фӕтыхстысты. Зонынц архайын, куыд фенцондӕр кӕной сӕ уавӕртӕ. Нӕхи хӕст сын феххуыс ис", - загъта уый
Депутаты ныццыды сӕйраг нысан уыд нылласын ӕххуыс. Депутаттӕм фӕрӕзтӕй фӕкастысты парламенты аппараты кусджытӕ ӕмӕ президент Гаглойты Алан.
"Сӕхӕдӕг нын цы загътой, уымӕй сӕм фӕкастыстӕм. Сӕ нымӕцы хӕлцад, сӕрмагонд ифтонгад ӕмӕ дзаумӕ. Мах фыццаг нӕ уыдыстӕм ӕмӕ нӕ фӕстӕ та ныццыдысты дзауаг лӕппутӕ, уыдон дӕр афтидӕй нӕ уыдысты ", - бахахх кодта уый.
Хуссар Ирыстоны делегацийы ӕфсӕддонтимӕ фембӕлдтӕн сын ӕххуыс кодтой нӕ коллегатӕ.
Санахъоты Дауыт ма зӕрдыл ӕрдардта, Уӕрӕсе ӕфсӕддон операци райдыдта ӕрмӕстдр уымӕн ӕмӕ хуыздӕр амӕлттӕй йӕ къухы ницыуал ӕфтыд.
"Уырыс тох кӕны, цӕмӕй ДАР ӕмӕ ЛАР бартыл сныхас кӕной, цӕмӕй сӕ мауал цӕгъдой. Ӕндӕр гӕнӕн куынӕуал уыд, ӕрмӕст уӕд райдыдта сӕрмагонд операци, уый размӕ Уӕрӕсе арӕзта дипломатон къахдзӕфтӕ", - бафтыдта.
Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уӕд ныгуылӕны бӕстӕтӕ сӕ цӕст ӕхгӕдтой Украинӕйы неонацисттӕ цы фыдракӕндтӕ кодтой, уыдонмӕ. Уый ацы уавӕр нымайы Хуссар Ирыстоны цаутимӕ ӕнгӕсыл.
"Уыдон ӕмдзӕгъд кодтой адӕмы бартӕ хӕлд куыд цыдысты, ууыл. Алы аз дӕр Гуырдзыстон ИНО Генералон ассамблейы рӕгъмӕ рахӕссы лигъдӕтты фарст ӕмӕ дзы ирӕтты кой никуы вӕййы. Лигъдӕтты нӕй хицӕн кӕнӕн нацитӕм гӕсгӕ, махӕн фадат нӕ радтой нӕ лигъдӕтты кой ракӕнын, уымӕн ӕмӕ уӕд дуне базыдтаид сӕдӕ минӕй фылдӕр ирон Гуырдзыстонӕй кӕй ралыгъдысты",- бахахх кодта Санахъоты Дауыт.
Депутаты хъуыдымӕ гӕсгӕ, сӕйраг у, цӕмӕй ирон лӕппутӕ сӕрӕгасӕй ӕрыздӕхой Ирмӕ.
"Уым дӕр сын афтӕ раарфӕ кодтам ӕмӕ йӕ ныр дӕр фӕлхат кӕнын, цӕмӕй уыцы фӕсивӕд ӕрӕздгхой сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ фыды уӕзӕгыл сӕхи бафӕдзӕхсой сӕ зӕдтӕн ӕмӕ дзуӕрттӕм", - балхынцъ кодта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0