Хуссар Иры закӕттӕ хъахъхъӕнынц дзыллон информацион фӕрӕзты - парламентон комитеты сӕрдар

© Sputnik / Хасиев МихаилДьяконты Амиран
Дьяконты Амиран - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 июл – Sputnik, Козаты Диана. Дин, культурӕ ӕмӕ дзыллон информацион фӕрӕзты фӕдыл парламентон комитеты сӕргълӕууӕг Дьяконты Амиран нымайы, зӕгъгӕ, закондӕттынады цӕстӕнгасӕй Хуссар Ирыстоны нӕй проблемӕтӕ журналистты архайдӕн, сӕ нымӕцы сӕрибар уацхӕсджытӕн дӕр.
Тымбыл фынг ахӕм темӕйыл: "Информацион ныхмӕлӕуд ӕмӕ ДИФ роль ӕхсӕнадон цӕстӕнгас фидар кӕныны" ацыд ацы бонты агентад Sputnik-ы. Мадзал арӕзт ӕрцыд Информаци ӕмӕ мыхуыры комитетимӕ иумӕ.
"Закондӕттынады цӕстӕнгасӕй махмӕ проблемӕ нӕй. Республикӕйы арӕзт ӕрцыд барадон бындур, кӕцы хъахъхъӕны сӕрибар журналистты. Раст зӕгъгӕйӕ, ӕз нӕ хъуыды кӕнын, цӕмӕй махмӕ иу кӕнӕ иннӕ журналистӕн аразой тухитӕ й архайды тыххӕй", - загъта Дьяконты Амиран.
Политик банысан кодта, республикӕйы арӕзт кӕй ӕрцыдысты уавӕртӕ ӕхсӕнадон-политикон процестимӕ адӕмы зонгӕ кӕнынӕн.
"Фӕлӕ ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ журналисттӕм бирӕ фылдӕр куыстмӕ. Уыдон хъуамӕ политикон ӕгъдауӕй уой бирӕ зонагдӕр ӕмӕ ӕргом кӕной республикӕйы цӕуӕг хабӕрттӕ", - нымайы уый.
SputnikPro: Кирилл Вышинский - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.07.2022
Публицистикæ æмæ æндæртыл: Вышинский ауагъта мастер-класс журналисттæн Цхинвалы
Дьяконты Амиран зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, фӕстаг ӕзты Хуссар Ирыстоны кӕй ныппырх кодтой культурон нысаниуӕджы цыппар объекты, ныр рад бахӕццӕ ис Зӕронд хидмӕ дӕр. Фӕлӕ уыимӕ иумӕ, комитеты сӕрдары ныхӕстӕм гӕсгӕ, уымӕ иу журналист дӕр нӕ бацыд ӕмӕ йӕ нӕ бафарста, цы цӕуы, уый тыххӕй.
"Хицауад иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фехӕлдта культурон бынты цыртдзӕвӕнтӕ бахъахъхъӕныны фӕдыл закон. Мах бафарстам прокуратурӕйы, исты мадзӕлттӕ райстой уыцы цауты фӕдыл ӕви нӕ. Искӕй бафхӕрдтой, ӕви нӕ? Нӕйы. Уӕдӕ нӕ журналисттӕ цӕмӕннӕ фыссынц конкретон хабӕрттыл, кӕцытӕ ӕндавынц алкӕцы цӕрӕгыл дӕр ӕмӕ иумӕйагӕй ӕхсӕнадыл дӕр?", - загъта депутат.
Украинӕйы цаутыл дзургӕйӕ, Дьяконты Амиран банысан кодта, зӕгъгӕ, уым дӕр фенӕн ис, коллективон Ныгуылӕн кӕй пайда кӕны ӕгӕрыстӕмӕй ахӕм цъаммар ӕкъарӕнтӕй дӕр, куыд зӕгъӕм национализм. Уый бафиппайдта, йӕ рӕстӕджы Хуссар Ирыстон дӕр кӕй рацыд уыцы уӕззау фӕндагыл - ссис гуырдзиаг национал-фашизмы амӕттаг.
Политик бахахх кодта, кӕй хъӕуы саразын алцыппӕт дӕр, цӕмӕй бахизой фӕсивӕды негативон ӕндӕвдадӕй, цӕмӕй ирон адӕм бахъахъхъӕной сӕ хиӕмбарынад, сӕ интерестӕ ӕмӕ зоной сӕ сӕрыл тох кӕнын.
Газет Хурзæрин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.07.2022
Гаглойты Алан сарæзта кадрон ивындзинæдтæ паддзахадон ДИФ-ты
Ног хабӕртты лентӕ
0