"Кӕнӕ йӕ ӕмбӕлонӕй саразут, кӕнӕ йын йӕ дон ауадзут": цхинвайлӕгтӕ горӕты цады тыххӕй

© Sputnik / Элина ГабараеваГорӕты цад
Горӕты цад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 июл — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Сӕрдыгон тӕвд бонты рӕстӕг арвитын кӕм гӕнӕн ис, ахӕм бынӕттӕ Цхинвалы бирӕ нӕй. Горӕты цад столицӕйы хуссарварс у Цхинвалы цӕрджыты уарзондӕр бынӕттӕй иу. Ам ма ис сывӕллӕттӕн хъазӕн фӕзуат ӕмӕ фӕсивӕдӕн тренажертӕ, бандӕттӕ. Хистӕр кары адӕм фылӕр бӕрцӕй фӕулӕфынц цады алыварс райӕг бӕлӕсты аууон, сывӕллӕттӕ сӕхи фӕнайынц цады. Спортуарзджытӕ та фенӕн ис райсом-изӕр лидзгӕйӕ донуаты алыварс.
Социалон хызӕгты рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ сног вӕййынц хъаугъатӕ цады хӕрзарӕзтады фӕдыл. Цӕрджытӕ фӕхъаст кӕнынц, уый дзуапп кӕй нӕ дӕтты ӕмбӕлон нормӕтӕн.
Городское озеро - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.07.2022
Гæнæн нæй, фæлæ дзы найынц: Цхинвалы бафснайдтой горæты цад
Sputnik бафӕлвӕрдта сбӕрӕг кӕнын, цахӕмӕй фӕндид уынын Цхинвалы цӕрджыты сӕ уарзондӕр бынаты. Дзуаппыты хсӕн иууыл арӕхдӕр уыдысты ӕдасдзинад ӕмӕ сыгъдӕгдзинад.
"Бассейнмӕ цӕуын, фӕлӕ каникулты рӕстӕджы та мӕ хӕлӕрттимӕ нӕхи фӕнайӕм ам. Донг тынг хъарм у, фӕлӕ фехъуыстон, ныхъуырын дзы кӕй нӕй гӕнӕн - тынг чъизи дам у. Фӕлӕ ӕз нырма никуы фӕрынчын дӕн", - дзуры скъоладзау Батрадз.
Цалымӕ сывӕллӕттӕ сӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвитынц, уӕдмӕ хистӕртӕ та хъаст кӕнынц цады алыварс ӕвзӕр смагӕй.
"Мах цӕрӕм ацы районы, ӕмӕ иунӕг бынат, кӕцы ран гӕнӕн ис хи аирхӕфсын, уый у горӕты цад. Фӕлӕ дзыи с тынг ӕзӕр тӕф, бирӕ аразинӕгтӕ. Кӕд ын ӕмбӕлон уагӕй нӕй саразӕн, уӕд та йын йӕд он ауадзӕт ӕмӕ фӕцис", - хъаст кӕны "Цӕрӕн Массивы" цӕрӕг Зарема.
Горӕттӕгтӕй ма бирӕтӕ та хъаст кӕнын чъизи донбылгӕрӕттӕй, йӕ алыварс хӕмпӕлтӕ ӕмӕ кӕрдӕгӕй.
© Sputnik / Элина ГабараеваГорӕты цад
Городское озеро - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.07.2022
Горӕты цад
Цӕрджыты ныфс ис, горӕты ног къухдариуӕгад кӕй аскъуыддзаг кӕндзӕн ацы проблемӕ ӕмӕ сабитӕ кӕй найдзысты доны, кӕцы дзуапп дӕтты ӕппӕт санитарон нормӕтӕн дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0