Чырысти Ирвӕзынгӕнӕджы Аргъуаны Мӕскуыйы скуывтой гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгты номыл

© Пресс-служба посольства РЮО в РФЧырысти Ирвӕзынгӕнӕджы Аргъуаны Мӕскуыйы скуывтой гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгты номыл
Чырысти Ирвӕзынгӕнӕджы Аргъуаны Мӕскуыйы скуывтой гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгты номыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik. Уӕрӕсейаг столицӕйы Чырысти Ирвӕзынгӕнӕджы Аргъуаны ауагътой Хуыцаумӕскуывд 2008 азы августы хӕсты амӕттӕгты номыл, хъусын кӕны УФ уӕвӕг Хуссар Иры минӕварады пресс-службӕ.
Фӕмардуӕвджыты удты тыххӕй скувынмӕ ӕрбацыдысты дипуагдоны кусджытӕ, Уӕрӕсейы президенты цур Цӕгат Ирыстоны ӕдзухон минӕварады уӕнгтӕ, Мӕскуыйы ирон ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ, афтӕ ма аргъауны кувджытӕ.
"Чырысти Ирвӕзынгӕнӕджы Аргъуаны скуывтой абон скуывтой Хуссар Иры фӕмардуӕвӕг сабыр цӕрджыты, Цхинвалы хъахъхъӕнджыты, фидауынгӕнӕг тыхты ирон ӕмӕ уырыссаг батальонты ӕфсӕддонты, уӕрӕсейаг ӕфсады солдаттӕ ӕмӕ офицерты номыл, кӕцытӕ сӕ цард нывондӕн ӕрхастой республикӕйы цӕрджыты скуынӕг кӕныны ма бауадзыны сӕраппонд", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс.
Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын.
Хуссар Иры дидинтæ сæвæрдтой республикæйы зынгхуыст хъайтарты цыртдзæвæнтæм - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2022
Хуссар Иры дидинтæ сæвæрдтой республикæйы зынгхуыст хъайтарты цыртдзæвæнтæм
Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ. Республикӕйы столицӕйӕн ӕрхастӕуыд стыр зиан, фылдӕр кодта сабыр цӕрджыты ӕмӕ фидауынгӕнӕг тыхты ӕхсӕн амӕттӕгты нымӕц — фӕмард 380 адӕймагӕй фылдӕр.
Ацы трагикон уавӕры уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын. Уый кӕронмӕ бахӕццӕ 12 августы.
Гуырдзыстон абоны онг дӕр нӕ банымадта райхалгӕ хӕст ӕмӕ ирон радон геноциды фӕдыл йӕ бӕрн.
Абхазы президент Аслан Бжания - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2022
Хуссар Иры хъӕбатыр адӕм фӕлӕууыдысты Гуырдзыйы ӕфсӕрсты ныхмӕ 2008 азы - Абхазы президент
Ног хабӕртты лентӕ
0