Хуссар Иры хъӕбатыр адӕм фӕлӕууыдысты Гуырдзыйы ӕфсӕрсты ныхмӕ 2008 азы - Абхазы президент

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæАбхазы президент Аслан Бжания
Абхазы президент Аслан Бжания - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 авг – Sputnik. Абхазы президент Аслан Бжания загъта зӕрдӕлӕууӕн ныхӕстӕ Хуссар Иры сӕргълӕууӕг Гаглойты Аланӕн 2008 азы августы хӕсты радон афӕдзыбоны фӕдыл.
"Абхазы адӕмы ӕмӕ мӕхи номӕй зӕгъын ӕнцойы ныхӕстӕ Хуссар Ирыстоны ныхмӕ гуырдзиаг ӕфсӕддон агрессийы 14-ӕм афӕдзыбоны фӕдыл. Мӕнгард ӕмӕ ӕбуалгъ фыдракӕнд саразгӕйӕ, Гуырдзыстон радон хатт равдыста ӕппӕт ӕхсӕнадӕмон ӕмӕхсӕнадӕн йӕ ӕцӕг цӕсгом ӕмӕ фӕндтӕ", - дзырдӕуы телы.
Бжания банысан кодта, Хуссар Иры хъӕбатыр ӕмӕ фӕразон адӕм кӕй фӕлӕууыдысты Гуырдзыйы ӕфсӕрсты ныхмӕ, баиргъӕф кодтой сӕ сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинад. Афтӕ ма уый загъта бузныг Уӕрӕсейӕн дӕр, кӕцы бахъахъхъӕдта хуссарирыстойнаг адӕмы, сабырады ӕмӕ рӕстдзинады.
Хуссар Иры дидинтæ сæвæрдтой республикæйы зынгхуыст хъайтарты цыртдзæвæнтæм - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2022
Хуссар Иры дидинтæ сæвæрдтой республикæйы зынгхуыст хъайтарты цыртдзæвæнтæм
Ӕфсымӕрон республикӕйы сӕргълӕууӕг бафтыдта, Абхазы адӕм дӕр кӕй бавзӕрстой хиуӕттӕ ӕмӕ ӕмгӕртты зиӕнтты рис ӕмӕ абон хъынцъым кӕны ирон адӕмимӕ иумӕ.
Хуссарирыстойнаг минӕварады Абхазы дӕр ацыд мысӕн мадзал 2008 азы хӕсты амӕттӕгты номыл.
Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын.
Цытджын-фыдохы церемони Хуссар Ирыстоны Фыдыбӕстӕ  хъахъхъӕнджыты мемориалон комплексы цур - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2022
Фӕмардуӕвджыты мысынӕн: августы хӕсты 14-ӕм афӕдзыбон - Sputnik къамты
Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ. Республикӕйы столицӕйӕн ӕрхастӕуыд стыр зиан, фылдӕр кодта сабыр цӕрджыты ӕмӕ фидауынгӕнӕг тыхты ӕхсӕн амӕттӕгты нымӕц — фӕмард 380 адӕймагӕй фылдӕр.
Ацы трагикон уавӕры уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын. Уый кӕронмӕ бахӕццӕ 12 августы.
Гуырдзыстон абоны онг дӕр нӕ банымадта райхалгӕ хӕст ӕмӕ ирон радон геноциды фӕдыл йӕ бӕрн.
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон техникӕйы ӕрбахызт Хуссар Ирмӕ. 08.08.08
 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2022
Гуырдзыстоны фыдгӕнон хӕстон авантюрӕйӕн 2008 азы радтӕуыд ӕмбӕлон дзуапп - Уӕрӕсейы ФХМ
Ног хабӕртты лентӕ
0