Дзуæрттæ æмæ кувæндæтты таурæгътæ. Хъуды бардуаг. Гуццаты Найфат. Зæрæмæджы чиныг

Дзуæрттæ æмæ кувæндæтты таурæгътæ
Рафыссын
Уæлладжыры комы мидæгау иу рæсугъд уæлвæзы лæууы Зæрæмæджы хъæу. Бæрзонд фæцыдысты ныр дæр йæ рагон мыггагон мæсгуытæ — фидæрттæ, сæ алыварс та батыгуыртæ сты чысыл хæдзæрттæ. Уыцы мæсгуытæй иу у Сикъоты мыггаджы.
Иу хатт, бирæ æнусты размæ, Сикъоты ног чындз донмæ рацыди. Уыди ирд сæрдыгон райсом. Æвиппайды чындз ауыдта сыгъзæрин цъиу, бæрзонд тахти арвыл æмæ сыгъзæринау æрттывта хуры сæууон тынты. Ахæм æнахуыр диссаг фенгæйæ, чындз дзыхълæуд фæкодта. Цъиу ленкгæнæгау йæхи рауагъта æмæ йе уæхскыл æрбадт. Йæ къух систа чындз, цъиуы æрдауон, зæгъгæ, фæлæ базырты бæсты йæ къухты бафтыд чиныг. Райста йе уæхскæй чиныг, сыгъзæринæй фыст чиныг, æмæ йæ бахаста сæ мæсыгмæ æмæ радзырдта йæ хабæрттæ. Чиныг бавæрдтой мæсыджы æмæ йæ хъахъхъæдтой мыггаджы хæзнайау, мæсыг та сси уæдæй фæстæмæ дзуары бынат.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0