Ног сезоны баконд ӕмӕ ӕфсадӕн ӕххуыс: Хуссар Иры театры радзырдтой ӕввахс нывӕзты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры театр
Хуссар Иры театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон театр радон сезон бакӕндзӕн национ драматургийы ӕрмӕджы бындурыл спектакль "Усгур Гаци"-йӕ, фехъусын кодтой Sputnik ПДТ пресс-службӕйы.
Спектаклы равдысттӕ нысан сты 6 ӕмӕ 7 октябрьмӕ.
"Усгур Гаци" дыццӕджы рахӕсдзысты аивадон советы ӕркастмӕ. Уымӕй кӕнӕм ног театралон сезон. Ӕвдыст цӕудзӕн дыууӕ боны кӕрӕдзи фӕд- фӕдыл", - загътой пресс-службӕйы.
Комеди "Усгур Гаци"-йыл режиссеры хуызы бакуыста паддзахадон драмон театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан. Уый райста драматург Саулохты Мухтары фыст ӕрмӕг.
Паддзахадон драмон театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.08.2022
Хуссар Иры театр бацӕттӕ кӕндзӕн ногазон мюзикл
Равдыстыл архайынц фылдӕр бӕрцӕй 1994 азы Шепкины номыл ахуыргӕнӕндоны ирон курсы рауагъдонтӕ. Сӕйраг хъайтары ролы ис Хуыгаты Дзамболат, стӕй ма дзы архайынц Бибылты Сослан, Пӕррӕстаты Дмитрий, Дыгъуызты Жанна, Джиоты Белла, Гаглойты Артур, Харебаты Жан-Жак, Таугазты Дзерассӕ, Козаты Ромик, Кокойты Нина, Хаситы Сослан, Сагирова Милена ӕмӕ Елбачиты Рамаз.

"Спектаклы фыццаг премьерон равдысты фӕрӕзтӕ хъуамӕ здӕхт ӕрцӕуой сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы архайджытӕн", - бафтыдтой уагдоны.

Уый фыццаг хӕрзаудӕн акци нӕу Хуссар Ирыстоны, кӕцы здӕхт у ирон ӕфсӕддонтӕн баххуыс кӕнынӕн. Фӕрӕзтӕ ӕрӕмбырд кӕныны нысанӕн ацыд акцитӕ, сӕрмагонд концерттӕ радта паддзахадон ансамбль "Симд", Цхинвалы ӕмӕ Дзауы конд ӕрцыдысты сӕрмагонд пункттӕ ӕххуыс ӕмбырд кӕнынӕн, сӕ хъӕппӕрис хъуыддагмӕ бахастой цӕрджытӕ, уагдӕтты кусджытӕ, парламенты депутаттӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0