Теркæй Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Теркæй Туркмæ
Хъусут Булкъаты Михалы чиныг "Теркæй Туркмæ"-йы аудиоверсимæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

19. XVIII. НЫХАС. САУ БАРÆГ

19. XVIII. НЫХАС. САУ БАРÆГ
Рафыссын
Брутмæ кæцæйфæнды ракæс, — хъæуы астæу иу сывылдз бæлас зыны. Ничи йæ зоны, хъæуæй, бæласæй чи хистæр у. Фыдкъæвдатæ æмæ фыддымгæтæ йын йæ уидæгтæ ныхсадтой, мæллæг хайуаны фæрсчытау ын зæххæй уæлæмæ ныхъхъил сты. Куыдхистæрæй бадынц хъæуы нæлгоймæгтæ бæласы бын. Чи йын йæ уидæгтыл бады, чи та къæйдуртыл æруагъта йæхи. Фæсивæдæй æрбадæн кæмæн нæй, уыдон дæлиау лæууынц, сæ хъаматы сæртыл сæ къухтæ сæвæрдтой, афтæмæй. Цыргъбоцъо, къæсхуырдзæсгом Есенаты Гуыцырæн æнæдзургæйæ йæ бон нæу æмæ куы кæмæ фæкомкоммæ вæййы, куы та — кæмæ.
— Диссаг нæу?.. Арвыл мигъы къуымбил макуы зынæд, афтæмæй къæртайы комæй калæд!
Тымыгъау ратæх-батæх кодтой рагæй-æрæгмæ дины сæрыл тохмæсидджытæ. Ныр дæр ссæндынц Цæгат Кавказы фæндæгтæ сæ бæхты сæфтджытæй. Лæг сæ зонгæ дæр нæ бакæны: сæ бæхтæ сау, сæхæдæг дæр сау æмбæрзæнтæй тыхт. Ахсджиаг хæст газаватмæ та сидынц пысылмон адæммæ.
Чи йæ куыд айсдзæн, кардау кæй зæрдæйы фæныхсдзæн, æвдадзы хосау кæмæн фестдзæн? Молло Хъази хæтыд Иры хъæуты, йе тары цахæмдæр гæххæтт рахæсс-бахæсс кодта, адæмы схъаудта. Брутмæ нæма æрбахæццæ ис кадджын минæвар, Раздзоджы сыхæгтæ йæм нæма байхъуыстой. Бирæйæн моллойы амындмæ йæ цæстытæ зынджытæ фестынц, бирæ та Хуыцаумæ фæхауы фырмæстæй.
Тохы хабар æрхæссын ног нал у æмæ дисау никæмæуал кæсы. Молло кæй дзуры, уый ног у. Куыд ыл сæмбæлдзысты Бруты цæрджытæ, ууыл уыдис зæронд лæджы сагъæс.
— Æвзæр боныгъæд ныл скодта! — ныхъхъæрзыдта уый.
Арв æмæ хурæй кæнгæ боныгъæдæй кæй нæ дзырдта, уый фембæрста Хъуыбады:
— Адæмæн сæхицæй аразгæ у боныгъæд, Бæтæхъо! — дзуры уый.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ". Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0