Хуссар Иры парламенты æрдзырдтой паддзахадон бюджетыл

© Sputnik / Natalia Airiyan РХИ Парламент
РХИ Парламент  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 окт – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламенты рабадтыл цыппæрæмы æрдзырдтой республикæйы паддзахады бюджеты проблемæйыл.
Рабадтмæ фæхуыдтой финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Тыбылты Фатимæйы дæр.
Парламенты раздæры спикер, ныр та депутат Тадтаты Алан æрдзырдта паддзахадон бюджеты фæрæзты цухдзинадыл, кæцы тыхсын кæны республикæйы æмбæстæгты. Тыбылты Фатимæ банысан кодта, республикæйы хъалонты комитет нырма нæ сæххæст кодта йæ æфтиæгты нывæзт, нывæзтгонд 235 милуан сомæй æрбацыд æрмæстдæр 75 милуаны, афтæмæй бюджеты нæй финансон фæрæзты цухдзинад.
Депутаттæ ма æрдзырдтой къорд фарстыл, сæ нымæцы Хуссар Ирыстоны хицауад æмæ президенты фæстауæрцон фондты уавæр, Паддзахадон унитарон куыстуат "Дорэкспострой"-ы адавдтæ, бензины æрбаласты проблемæ Къуаисамæ æмæ донифтонгад республикæйы цалдæр хъæуы.
Æлборты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.10.2022
Æлборты Алан ауагъта йæ фыццаг рабадт Хуссар Иры парламенты спикеры бынаты
Ног хабӕртты лентӕ
0