Парламенты æрдзырдтой "Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгады фæдыл" законыл

© Photo : Пресс-служба Минюста РЮОПарламенты æрдзырдтой "Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгады фæдыл" законыл
Парламенты æрдзырдтой Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгады фæдыл законыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты дыццæджы ацыд æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты рабадт Дриаты Зазайы къухдариуæгады бын.
Юстицийы министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй рабадты хайадисджытæ æрдзырдтой "Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгады фæдыл" законыл, кæцы бахаста республикæйы хицауад 2015 азы.
Уагдоны зæрдыл æрлæууын кодтой, ныртæккæ Хуссар Ирыстоны æмбæстагады фæдыл фарстытæн уаг дæтты Республикæ Хуссар Ирыстоны закон "Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгады фæдыл" 2006 азы 23 августæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0