Хуссар Иры парламент аскъуыддзаг кодта сахуыр кӕнын ӕртаджы ӕлхӕд ӕмӕ реализацийы схемӕ

© Sputnik / Maxim Bogodvid /  Ахизын медиабанкмæӔртаджы станц
Ӕртаджы станц - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Парламенты аскъуыддзаг кодтой саразын рӕстӕгмӕ къамис, кӕцы сахуыр кӕндзӕн ӕртаг ӕлхӕнын, транспортировкӕ ӕмӕ реализаци кӕныны схемӕмӕ.
Ахӕм хъӕппӕрисимӕ сессийыл ӕртыццӕджы ралӕууыд депутат Гаглойты Алан, уыимӕ иууылдӕр ӕмхъӕлӕсӕй сразы сты. Парламентари йӕхӕдӕг слӕудзӕн къамисы сӕргъ. Йӕ скондмӕ ма бахиздзысты дыууӕ комитеты сӕргълӕуджытӕ – Сланты Иван ӕмӕ Джиоты Елена.
Фидӕны рабадтмӕ бацӕттӕ кӕндзысты къамисы кӕронбӕттӕн сконд ӕмӕ йӕ куысты уагӕвӕрд.
Ацы аз бензин ӕмӕ дизелон ӕртаджы ӕргътӕ схызтысты цалдӕр хатт. Октябры райдайӕны республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта, паддзахадон ӕртаджы станцыл АИ-92 маркӕйы бензины аргъ кӕй фӕкъаддӕр кодтой ӕртӕ сомы бӕрц.
Депутатты къорд банхъардтой республикæйы президенты æвзæрстыты закъон фæкарзæд кæнын - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.11.2023
Депутатты къорд банхъардтой республикæйы президенты æвзæрстыты закъон фæкарздæр кæнын
Ног хабӕртты лентӕ
0