Хуссар Ир 2025 азы экспорт скӕндзӕн хъӕды 3,5 мин кубометры

© Sputnik / Ростислав Нетисов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ир 2025 азы экспорт скӕндзӕн хъӕды 3,5 мин кубометры
Хуссар Ир 2025 азы экспорт скӕндзӕн хъӕды 3,5 мин кубометры  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.12.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 дек – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстон фидӕн аз фӕнд кӕны арвитын экспортмӕ хъӕды 3,5 мин кубометры. Уый тыххӕй республикӕйы парламенты рабадтыл фехъусын кодта РХИ экономикон райрӕзты министр Хъотайты Сӕрмӕт.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъӕды экспорт зиан не ‘рхӕсдзӕн Хуссар Ирыстоны экологийӕн.
"Иртӕстыты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны ис хъӕды 18 милуан кубометры, уыдонӕй 4 милуан кубометрӕй фылдӕр у зӕронд хъӕд. Афтӕ ма республикӕйы ӕрвылаз фӕзыны хъӕды 70 мин кубометры. Уымӕ гӕсгӕ, кӕд ӕмӕ ӕрвылаз дӕр ног хъӕд нӕ фӕзына, уӕддӕр ацы 4 милуан кубометры реализацийӕн бахъӕудзӕн 100 азы", - загъта министр.
Хъотайты Сӕрмӕт бафтыдта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстон экспорт кӕндзӕн хъӕды ӕрмӕджытӕ тӕрсӕй.
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.12.2024
Хуссар Иры райстой паддзахадон бюджет 2025 азмӕ
"Хъӕд раст калынмӕ алыгъуызон этапты сӕ цӕст дардзысты хъӕды хӕдзарад, экономикон райрӕзты министрад ӕмӕ таможнӕйон комитет. Амалиуӕггӕнджыты архайды фехӕлдтӕ бӕрӕг куы ӕрцӕуой, уӕд Хуссар Ирыстоны закъонтӕм гӕсгӕ амалиуӕггӕнӕгӕн райсдзысты йӕ лицензи, афтӕ ма йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн уголовон бӕрндзинад дӕр. Ахӕм цауты рӕстӕджы уыдзӕн карз санкцитӕ", - бахахх кодта министр.
Хуссар Ирыстоны хъӕды экспортыл тобӕ сӕвӕрдтой 2010 азы. Ӕмбӕлон барамынд райста РХИ хицауад.
Республикӕйы хицауад 2019 азы систа тобӕ тӕрсы экспортыл, фӕлӕ хъӕд калын ӕмӕ ласыны процесс нӕ райдыдта.
Ног хабӕртты лентӕ
0