https://sputnik-ossetia.com/20241219/khussar-iry-parlamenty-rdzyrdtoy-pensinerty-problemtyl-31394221.html
Хуссар Иры парламенты æрдзырдтой пенсионерты проблемæтыл
Хуссар Иры парламенты æрдзырдтой пенсионерты проблемæтыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 19 дек – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламенты сессийыл æрдзырдтой пенситы фарстыл, афтæ ма Соцфонды уæззау уавæрыл. 19.12.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-12-19T17:38+0300
2024-12-19T17:38+0300
2024-12-19T18:04+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры парламент
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/03/1a/11998994_0:160:3073:1888_1920x0_80_0_0_0c343a8314049fa9a2af0cd493dca0a6.jpg
ЦХИНВАЛ, 19 дек – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламенты сессийыл æрдзырдтой пенситы фарстыл, афтæ ма Соцфонды уæззау уавæрыл.Уый размæ парламент райста Соцфонды бюджет 157 милуан сомы дефицитимæ.Æмбæлон фарст сессийы æркастмæ рахаста депутат Плиты Александр.Плиты Александр ма зæрдыл æрбалæууын кодта 2023 азы 13 декабры бафысгæ Уæрæсейы президент Владимир Путины барамынд. Ацы документмæ гæсгæ, Украинæйы æмбæстæгтæй Уæрæсемæ чи æрцыд, уыдонæн банымайдзысты 1991-2022 азты куысты стаж.Фæллойад æмæ социалон хъахъхъæнынады министр Гаглойты Олег бахахх кодта, министрад кæй фæнд кæны æрныхас кæнын ацы фарсты фæдыл уæрæсейаг коллегитæмæ.Афтæ ма министр фехъусын кодта, Уæрæсейы Соцфонд фæсарæнты цæрæг æмбæстæгтæн пенситæ къаддæр кæнын кæй райдыдта, уый фæдыл дæр министрад уадзы консультацитæ уæрæсейаг коллегæтимæ", - загъта Гаглойты Олег.Парламенты спикер Мæргъиты Алан бахахх кодта, Соцфонды уавæр æцæгдæр кæй у уæззау æмæ ракуырдта Гаглойты Олегæй, цæмæй фæхæццæ кæна информаци хицауадмæ.
https://sputnik-ossetia.com/20241218/khussar-iry-raystoy-paddzakhadon-byudzhet-2025-azma-31376508.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/03/1a/11998994_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_1a2ef4cf4d9cca8ee974280499138ec6.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент
Хуссар Иры парламенты æрдзырдтой пенсионерты проблемæтыл
17:38 19.12.2024 (Ранӕуӕггонд: 18:04 19.12.2024) ЦХИНВАЛ, 19 дек – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламенты сессийыл æрдзырдтой пенситы фарстыл, афтæ ма Соцфонды уæззау уавæрыл.
Уый размæ парламент райста Соцфонды бюджет 157 милуан сомы дефицитимæ.
Æмбæлон фарст сессийы æркастмæ рахаста депутат Плиты Александр.
"Соцфонды бюджеты дефицит 2025 азы рацæудзæн 157 милуан сомы бæрц. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, организаци гæнæн ис бахауа критикон уавæры, æмæ дефицит та 157 милуан сомæй фылдæр уыдзæн. Ууыл бандавдзæн республикæйы пенсионерты нымæц кæй фылдæр кæны, уый. Æввахс рæстæджы не ‘мбæстæгтæй пенсийы чи ацæуа, уыдон йæ фæдыл Уæрæсемæ нал цæудзысты, фæлæ йæ исдзысты бынаты. Уымæй дарддæр Уæрæсейы æрæджы райстæуыд документ, æмæ уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæй Уæрæсейы пенси чи иста цæргæ-цæрæнбонты, уыдонæн æй акъуырдтой 6-7 мин сомы бæрц, уымæн æмæ цæрынц фæсарæнты", - загъта депутат.
Плиты Александр ма зæрдыл æрбалæууын кодта 2023 азы 13 декабры бафысгæ Уæрæсейы президент Владимир Путины барамынд. Ацы документмæ гæсгæ, Украинæйы æмбæстæгтæй Уæрæсемæ чи æрцыд, уыдонæн банымайдзысты 1991-2022 азты куысты стаж.
"Уый фæдыл Хуссар Ирыстоны хицауады æвæстиатæй хъæуы æрныхас кæнын ацы фарсты фæдыл, цæмæй не ‘мбæстæгтæн дæр нымад цæуа куысты стаж 1991 азæй", - банысан кодта депутат.
Фæллойад æмæ социалон хъахъхъæнынады министр Гаглойты Олег бахахх кодта, министрад кæй фæнд кæны æрныхас кæнын ацы фарсты фæдыл уæрæсейаг коллегитæмæ.
"Мах ацы аз фæнд кæнæм бадзурын уæрæсейаг коллегæтæм, цæмæй ахæм уæлбар стаж нымад цæуа не ‘мбæстæгтæн дæр. Уый тынг ахсджиаг фарст у цæрджытæн", - радзырдта министр.
Афтæ ма министр фехъусын кодта, Уæрæсейы Соцфонд фæсарæнты цæрæг æмбæстæгтæн пенситæ къаддæр кæнын кæй райдыдта, уый фæдыл дæр министрад уадзы консультацитæ уæрæсейаг коллегæтимæ", - загъта Гаглойты Олег.
Парламенты спикер Мæргъиты Алан бахахх кодта, Соцфонды уавæр æцæгдæр кæй у уæззау æмæ ракуырдта Гаглойты Олегæй, цæмæй фæхæццæ кæна информаци хицауадмæ.