https://sputnik-ossetia.com/20250515/federatsiyy-sovet-arkasdzan-rkhi-kuyrdiatma-uf-ma-batsauyny-nog-fatkoyty-eksperimenty-fadyl-33315075.html
Федерацийы Совет ӕркӕсдзӕн РХИ куырдиатмӕ УФ-мӕ бацӕуыны ног фӕткойты эксперименты фӕдыл
Федерацийы Совет ӕркӕсдзӕн РХИ куырдиатмӕ УФ-мӕ бацӕуыны ног фӕткойты эксперименты фӕдыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 15 май - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламентаритӕ ракуырдтой сӕ коллегӕтӕй Федерацийы Советӕй, цӕмӕй республикӕйы айсой фӕсарӕйнаг... 15.05.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-05-15T15:18+0300
2025-05-15T15:18+0300
2025-05-15T15:18+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры парламент
уӕрӕсейы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/07/1f/29978302_0:370:960:910_1920x0_80_0_0_ff3da22398f425e0e8116ff559dbd57f.jpg
ЦХИНВАЛ, 15 май - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламентаритӕ ракуырдтой сӕ коллегӕтӕй Федерацийы Советӕй, цӕмӕй республикӕйы айсой фӕсарӕйнаг ӕмбӕстаджы цифрон профилы арӕзтады фӕдыл экспериментӕй.Федерацийы Совет ӕмӕ РХИ парламенты ӕмгуыстады фӕдыл Къамисы рабадтыл ацы фарст рахаста хъахъхъӕнынад ӕмӕ ӕдасдзинады фӕдыл парламентон комитеты сӕргълӕууӕг Гӕджиты Сослан.Ацы фарст фыццаджы хаудзӕн уӕрӕсейаг ӕмбӕстагад кӕмӕн нӕй Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕй, уыдонмӕ, афтӕ ма Хуссар Ирыстоны паспортӕй арӕны уылты чи хизы, уыдонмӕ дӕр.Уӕрӕсейаг минӕвар Марат Кулахметов бахахх кодта, уый размӕ ӕмбӕлон куырдиат кӕй арвыстой Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады хаххыл, ӕмӕ ныртӕккӕ документыл цӕуы куыст Уӕрӕсейы.Къамисы уӕрӕсейаг хайы сӕргълӕууӕг Виктор Бондарев фидарӕй загъта, ацы фарстыл кӕй бакусдзысты ӕмӕ Уӕрӕсейы ФХМ, МХМ ӕмӕ арӕнхъахъхъӕнӕн фӕткдрауатмӕ та барвитдзысты куырдиӕттӕ, цӕмӕй райсой уӕлӕмхас информаци.
https://sputnik-ossetia.com/20250515/rkhi-rakuyrdta-ursey-siftong-knyn-pensity-respublikyy-paddzakhadon-sluzhbgndzhyty-33311877.html
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/07/1f/29978302_0:280:960:1000_1920x0_80_0_0_76bc9de1c1343c582271f9d741e010de.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент, уӕрӕсейы
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры парламент, уӕрӕсейы
ЦХИНВАЛ, 15 май - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламентаритӕ ракуырдтой сӕ коллегӕтӕй Федерацийы Советӕй, цӕмӕй республикӕйы айсой фӕсарӕйнаг ӕмбӕстаджы цифрон профилы арӕзтады фӕдыл экспериментӕй.
Федерацийы Совет ӕмӕ РХИ парламенты ӕмгуыстады фӕдыл Къамисы рабадтыл ацы фарст рахаста хъахъхъӕнынад ӕмӕ ӕдасдзинады фӕдыл парламентон комитеты сӕргълӕууӕг Гӕджиты Сослан.
Ацы фарст фыццаджы хаудзӕн уӕрӕсейаг ӕмбӕстагад кӕмӕн нӕй Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕй, уыдонмӕ, афтӕ ма Хуссар Ирыстоны паспортӕй арӕны уылты чи хизы, уыдонмӕ дӕр.
"Махӕн ӕмбӕрстгонд нӕу, уӕлвӕткон цауты рӕстӕджы ӕвӕстиатӕй пациентты куыд ласдзысты ӕмӕ ноджы бирӕ фарстытӕ. Нӕ бӕстӕты ӕхсӕн хӕларадон ахастытӕ хынцгӕйӕ мах курӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕнат ӕмӕ ацы уынаффӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕ ма хауой", - банысан кодта Гӕджиты Сослан.
Уӕрӕсейаг минӕвар Марат Кулахметов бахахх кодта, уый размӕ ӕмбӕлон куырдиат кӕй арвыстой Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады хаххыл, ӕмӕ ныртӕккӕ документыл цӕуы куыст Уӕрӕсейы.
Къамисы уӕрӕсейаг хайы сӕргълӕууӕг Виктор Бондарев фидарӕй загъта, ацы фарстыл кӕй бакусдзысты ӕмӕ Уӕрӕсейы ФХМ, МХМ ӕмӕ арӕнхъахъхъӕнӕн фӕткдрауатмӕ та барвитдзысты куырдиӕттӕ, цӕмӕй райсой уӕлӕмхас информаци.