Цхинвал ӕмӕ Керчь сфидар кодтой хӕларадон ахастытӕ

© Пресс-служба президента РЮОЦхинвал ӕмӕ Керчь сфидар кодтой хӕларадон ахастытӕ
Цхинвал ӕмӕ Керчь сфидар кодтой хӕларадон ахастытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бадзырд бафыстой Ялтайы V ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы фӕлгӕтты

ЦХИНВАЛ, 18 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕ Цхинвал ӕмӕ Керчы ӕхсӕн хӕларады фӕдыл бадзырд бафыстой цыппӕрӕмы Ялтайы ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы фӕлгӕтты, хъусын кӕны хуссарирыстойнаг лидеры пресс-службӕ.

Хъырым ӕмӕ Хуссар Ирыстон бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Хъырым бадзырдтой ӕмгуыстадыл

Документ бафыстой Цхинвалы администрацийы сӕргълӕууӕг Коцты Алан ӕмӕ Керчы муниципалон зылды сӕргълӕууӕг Николай Гусаков.

Хуссар Ирыстоны делегаци президент Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй ӕрцыд Хъырыммӕ Ялтайы V ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы хайад райсынмӕ ӕртыццӕджы, 17 апрелы. Делегацийы сконды сты республикӕйы хицауады сӕрдары хӕдивӕг Бекъойты Геннадий, ФХМ сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий, Цхинвалы администрацийы сӕргълӕууӕг Коцты Алан ӕмӕ базарадон-сӕудӕджерадон палатӕйы сӕрдар Ӕлборты Алан.

Ялтайы экономикон форум уагъд цӕуы ӕрвылаз 2015 азӕй фӕстӕмӕ. Ацы аз форум уагъд цӕуы 18-20 апрелы. Организатортӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕртӕ мин хайадисӕгмӕ дунейы 100 бӕстӕйӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0