Хуссар Ирмӕ ӕрцыдысты арӕзтады специалисттӕ Уӕрӕсейӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Ирмӕ ӕрцыдысты арӕзтады специалисттӕ Уӕрӕсейӕ
Хуссар Ирмӕ ӕрцыдысты арӕзтады специалисттӕ Уӕрӕсейӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты бирӕфатерон хӕдзӕрттӕ аразынӕн бахуысс кӕнынмӕ республикӕмӕ ӕрцыдысты уӕрӕсейаг специалисттӕ

ЦХИНВАЛ, 16 июн – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыдысты 21 аразӕджы Уӕрӕсейӕ, цӕмӕй кусой инвестицион нывӕзты объекттыл, кӕцытӕ реализаци кӕны арӕзтадон фирмӕ "СТМ-Юг", загъта Sputnik Арӕзтады министрады минӕвар Къацты Сослан.

Гуфта-Къуаиса фӕндаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Карантинмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ: премьер бахӕс кодта фӕтагъддӕр кӕнын Гуфта-Къуаиса фӕндаджы арӕзтад

Ӕдасдзинады мадзӕлттӕм гӕсгӕ, аразджытӕ хъуамӕ рацӕуой дыууӕкъуырион карантин Хуссар Ирыстоны.

"Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцӕуыны размӕ специалисттӕ иууылдӕр радтой тест коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл, ныр уыдон сты карантины хисӕрмагонд хӕдзӕртты, кӕцыты раз лӕууынц МХМ кусджытӕ. Дыууӕ къуырийы фӕстӕ уыдонӕн ногӕй сараздзысты тест, ӕмӕ алцыдӕр хорз куы уа, уӕд бавналдзысты куыстмӕ", - загъта Къацты Сослан.

Къацты Сослан банысан кодта, специалисттӕ кӕй архайдзысты бирӕфатерон хӕдзӕртты арӕзтады Хъайтарты, 118, Гуыбаты ӕфсымӕрты, 131 ӕмӕ Ирӕтты, 207 уынгтыл.

"Афтӕ ма кусджытӕ Уӕрӕсейӕ цалцӕг кӕндзысты доны хӕтӕл Уанат-Цхинвал", - бафтыдта арӕзтады министрады минӕвар.

Хуссар Ирыстоны сӕвӕрдтой тобӕ Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл ӕнӕ сӕрмагонд барлӕвӕрдӕй 5 апрелӕй 30 июны онг коронавирусы апарахаты тасы тыххӕй. Республикӕмӕ цы ӕмбӕстӕгтӕ ӕрцӕуынц, уыдоны иууылдӕр бакӕнынц дыууӕкъуырион карантины.

Ног хабӕртты лентӕ
0