Хӕрынц нын нӕ фос: Хуссар Иры районты цӕрджытӕ тыхсынц тугдзых сырдты лӕбурдтытӕй

© Sputnik / И. Константинов /  Ахизын медиабанкмæБирæгъ
Бирæгъ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.04.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны архайы "Цуанонты цæдис", фæлæ сын уæддæр уый бæрц уавæртæ нæй, цæмæй æгас республикæйы территорийыл ахæссой

ЦХИНВАЛ, 6 апр – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны районты дӕрддзӕф хъæуты уæлдай тынгдæр сарæх сты бирæгътæ. Тугдзых сырдтæ лæбурынц хъæдмæ хæстæг цы хъæутæ ис, уыдоны цæрджыты хæдзарон фосмæ.

Æрæджы та Знауыры районы Калеты хъæуы бирæгъ бацыд хæдзары кæртмæ æмæ аргæвста дзæргъы. Уый фæстæ та йæ амæттаг бакодта хъыбылтæ æмæ роды.

"Æмæ уый фыццаг хатт нæу, ахæм фыдбылызтæ нын бирæгъ алы аз дæр ракæны", - радзырдтой хъæуы цæрджытæ.

Хъæубæстæ бахатыдысты Балтайы хъæуы цæрæг, егерь Плиты Лаврикмæ, цæмæй сын баххуыс кæна æмæ сæ фервæзын кæна ацы тугдзых сырдæй. Плиты Лаврикмæ стыр фæлтæрддзинад ис, уайтагъд сбæрæг кодта бирæгъы фæд, йæ бацæуæны йын сæвæрдта къæпхæн æмæ дыккаг бон тугдзых сырды къæпхæн æрцахста. Афтæмæй хъæуы цæрджытæ фервæзтысты бирæгъы æхсæвыгон лæбурдтытæй.

Тугдзыхты куынӕггӕнджытӕн лӕвӕрд цӕуыдзысты цуанӕн лицензитӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.01.2021
Тугдзых сырдты куынӕггӕнджытӕн лӕвӕрд цӕудзысты цуанон лицензитӕ

Канд Знауыры районы хъæуты нæ цæуы ахæм цаутæ. Ахæм хъæстытæ цæуы æндæр районты хъæутæй дæр. Уыдон куыд зæгъынц, афтæмæй хъæдмæ хæстæг хъæутæм æрмæст бирæгъ нæ лæбуры, фæлæ ма хъæддаг куыйтæ, æрсытæ, рувæстæ дæр. Цы зиан æрхæссынц, уый чысыл нæу. Ивгъуыд аз Цхинвалы районы хъæутæй сæ иуы бирæгъы амæттаг фесты гал æмæ хъуг. Сæ дыууæ дæр хызтысты сæрвæтты. Галы бахордтой, хъуг ма бæргæ алыгъд фæлæ бирæгъы хæстыты фæстиуæгæн уый дæр дыккаг бон амард.

Вæййы афтæ дæр, æмæ фос аивæрзынц тугдзых сырдтæй, фæлæ уый фæстæ уыдонæн бахъæуы хос кæнын.

"Тугдзых сырдтæ сты алыгъуызон низ парахатгæнджытæ дæр – гæбæрниз, трихиннелез, æрраниз. Уыцы низтæ тæссаг сты адæймаджы цардæн дæр. Тæссаг у, цы хъæутæм цæуынц, уым бынæттон цæрæгыл дæр куы фæхæцой, уымæй. Ахæм цаутæ дæр иу æмæ дыууæ хатт не ‘рцыд", - зæгъынц ветеринарон службæты кусджытæ.

Специалисттæ куыд амонынц, афтæмæй тугдзых сырд уый цы кæртмæ баивæрза, уым хъæуы дезинфекци кæнын.

Адæмы тыхстдзинад уынгæйæ 2011 азы арæзт æрцыд "Цуанонты æхсæнад", сæрдарæй йын баурӕдтой Букуылты Чермены. Уыцы æхсæнад архайы, фæлæ сын уæддæр уый бæрц уавæртæ нæй, цæмæй æгас республикæйы территорийыл ахæссой. Бирæгъыл цуан кæнын та æнцон нæу. Физикон хъаруйæ æххæст уæвынæй дарддæр цуаноны фæхъæуы транспортон хæрдзтæ бакæнын, нæмгуытæ самал кæнын, цуанонæн ма æнæмæнгхъæуæг сты спецификон дзаумæттæ дæр. Уыдон та цуанон хъуамæ балхæна йæхи фæрæзтæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0