Цыппар ирон æрмхæцæджы цæуынц "дуне" сæттынмæ

Хуссар Иры æппæты тыхджындæр æрмхæцæг Гасситы Сосланмæ æнхъæлмæ кæсынц æхсæзæм "фæсивæдон" сыгъзæрин майданмæ æмæ хистæр кары спортсменты ʻхсæн та фыццагмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik. Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны армспорты секцийы хъомылгæнинæгтæй цыппарæй стох кæндзысты дунейон ерысты Турчы, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Джиоты Валерий.

Армхæцæг Гасситы Сослан европæйаг ерысты рамбылдта дыккаг майдан

Ирыстоны спортивон кад хъахъхъæндзысты Европæ æмæ дунейон ерысты бирæ хатты уæлахиздзау Гасситы Сослан æмæ ацы æмвæзады ерысты призертæ Дыгъуызты Милена, Хæбæлаты Арсен æмæ Плиты Батрадз.

"Дунейон ерысты 90 кг уæзы фæсивæды æмæ хистæр кары спортсменты ʻхсæн æмрæстæджы тох кæндзæн Хуссар Иры æппæты тыхджындæр æмæ æнтыстджындæр æрмхæцæг Гасситы Сослан. Фæсивæды ʻхсæн дунейы чемпионаты уый ацы аз æлхынцъ кæны йæ спортивон карьерæ æмæ æнæмæнг хъуамæ райса ацы кары йæ æхсæзæм сыгъзæрин майдан. Хистæр кары спортсменты ʻхсæн та йæм æнхъæлмæ кæсæм фыццаг сыгъзæринмæ ", — радзырдта тренер Джиоты Валерий.

Дунейы æмæ европæйаг ерысты уæлахиздзау армспортæй Гасситы Сослан

Тренер ма банысан кодта, иттæг хорз цæттæйæ бацыдысты ерыстæм йæ аннæ хъомылгæнинæгтæ дæр.

Дыгъуызты Милена – армспорты иунӕг чызг-архайӕг Хуссар Иры

"Ацы аз Хуссар Ирыстоны уыд нысаниуæгджын датæ – банымады 10 азы юбилей. Фæнды нæ æвзонг республикæйæн кадæн мах дæр уæлахизтæ æрхæссæм. Плиты Батрадз, Дыгъуызты Милена æмæ Хæбæлаты Арсен тох кæнынц юниорты ʻхсæн, сты тынг хорз цæттæ. Фæстаг рæстæджы тренировкæтæ цæуынц фæтыхджындæргонд режимы æмæ хъуамæ хорз фæстиуджытæм æркæной"- бафтыдта уый.

Дунейы чемпионат æмæ фыццагад армспортæй цæудзæн туркаг Антальяйы 13-21 октябры.