Арӕзтады министр радзырдта, азы кӕронмӕ цал объект ратдзысты эксплуатацимӕ

© Sputnik / Олег РепуховСтройка в Южной Осетии
Стройка в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны арӕзтады министр нымайы реалоныл 2016 азы инвестпрограммӕйы объекттӕ иууылдӕр эксплуатацимӕ раттын, уый нымӕцы паддзахадон драмтеатры бӕстыхай дӕр.

ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмтеатры бӕстыхай ӕрцӕудзӕн арӕзт ацы азы кӕронмӕ, иннӕ азмӕ ма баззайдзӕн ӕрмӕст театралон ифтонггарз срӕвдз кӕнын, загъта Sputnik Хуссар Ирыстоны арӕзтады министр Зӕгъойты Эдуард.

Арӕзтады министр радзырдта 2016 азӕн Инвестпрограммӕйы реализацийы тыххӕй, кӕцыйы сӕйраг объект у Паддзахадон драмтеатр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, программӕйы реализацийӕн уӕрӕсейаг бюджетӕй рахицӕн ӕрцыд 3,6 млдр сомӕй фылдӕр, фӕлӕ уыцы суммӕйӕ октябры ӕмбисмӕ хардз ӕрцыд 2,3 млрд сомы.

"Октябры кӕрӕттӕм проектон-сметӕйон документаци у цӕттӕ 1, 78 млрд сомӕн. Ныртӕккӕ мах цӕттӕ кӕнӕм октябры сӕххӕстгонд куыстыты гуырахсты фӕдыл документтӕ, уым дӕр ис 530 млн сомы бӕрц ӕхца. Азы кӕронмӕ спайда кӕнын хъӕуы, ацы суммӕйӕ ма цы баззад, уымӕй", — загъта министр.

Зӕгъойты Эдуард бафиппайдта, цӕттӕ хыгъдон документацийӕ кӕй нӕй аргъгӕнӕн реалонӕй бакӕнгӕ куыстӕн, уымӕн ӕмӕ документтӕ аразын ахсы бӕлвырд рӕстӕг ӕмӕ сцӕттӕ вӕййынц, объекттӕ арӕзт куы ӕрцӕуынц, уый фӕстӕ. Уымӕ гӕсгӕ, афтӕ зыны, азы кӕронмӕ ма кӕй хъӕуы спайда кӕнын иу млрд сомӕй фылдӕрӕй, фӕлӕ уый афтӕ нӕу.

Первый снег в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Инвестпрограммӕ, уынгтыл афӕлгӕст

"Арӕзтад цӕуы, хыгъдон документаци цӕттӕ кӕнынӕн та хъӕуы рӕстӕг. Уымӕ гӕсгӕ, мар нырма ӕхгӕнӕм октябры кӕронмӕ хыгъдтӕ. Фараст мӕймӕ мах спайда кодтам ӕрмӕстдӕр 1,3 млрд сомӕй. Октябрӕн та нын ис хыгъдон документаци 530 млн сомӕн. Иууыл стырдӕр уӕргъ ӕрцӕудзӕн ноябрь ӕмӕ декабрыл. Аразджытӕн хъӕуы балхынцъ кӕнын куыстытӕ ӕмӕ бакӕнгӕ арӕзтады гуырахсты фӕдыл хыгъдлӕвӕрд саразын", — загъта уый.

Театры тыххӕй та министр загъта, азы кӕронмӕ специалисттӕ кӕй хъуамӕ ауадзой арӕзтадон-монтажон куыстытӕ объектыл.

Ӕрӕджы Хуссар Ирыстонмӕ йӕ балцы рӕстӕджы Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министр Лев Кузнецов равдыста дызӕрдыгдзинад, театр азы кӕронмӕ кӕй ӕрцӕудзӕн лӕвӕрд эксплуатацимӕ.

Аразджытӕ ныридӕгӕн рахызтысты графикӕй ӕмӕ объект йӕ контролмӕ райста Татарстаны президент, уымӕн ӕмӕ театр аразы ацы республикӕйы нардуатон организаци.

Строительство театра - Sputnik Хуссар Ирыстон
ПӔК-ы сӕргълӕууӕг: арӕзтадон фирмӕтӕ "Эверест" ӕмӕ "Русгидро"-йыл ӕууӕнк нӕй

Арӕзтады министр ма фехъусын кодта, арӕзтадон куыстыты график фехалыны тыххӕй иварон санкцитӕм кӕй хауы, Дзулфыцӕн завод чи аразы, уыцы нардуатисӕг.

"Графикмӕ гӕсгӕ, уыдон хъуамӕ раттаиккой бӕстыхай сентябры кӕрон, фӕлӕ нывӕзтӕй фӕстейӕ аззадысты цалдӕр мӕйы. Уыдон ныхмӕ райсдзыстӕм иварон санкцитӕ. Азы райдианы мах банымайдзыстӕм ацы объекты фӕдыл æмгъуыдивгъуыд", — загъта министр.

Уый ранымадта объекттӕ, кӕцытӕ хъуамӕ ӕрцӕуой лӕвӕрд эксплуатацимӕ ацы аз, уыдон нымӕцы арӕнгӕрон фӕндаг Синагур — Карзман, бирӕпрофилон колледжы ӕмӕ сывӕллӕтты рынчындоны бӕстыхӕйттӕ Цхинвалы, афтӕ ма хуссарирыстойнаг столицӕйы 11 уынджы коммуникацитӕ ӕмӕ асфальтимӕ.

Зӕгъойты Эдуарды ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы объекттӕй кӕцыдӕртӕ хъуамӕ сцӕттӕ уой ӕрмӕстдӕр 2017 азы райдианы, фӕлӕ уый ис ныфс нардуатисджыты оперативондзинадӕй, цӕмӕй объекттӕ эксплуатацимӕ лӕвӕрд ӕрцӕуой ацы азы кӕрон.

"11 уынгӕй ныридӕгӕн аст сты цӕттӕ, баззад ма сӕххӕст кӕнын чысыл хӕрзарӕзтадон куыстытӕ ӕртӕ уынгыл", — банысан кодта уый.

Министры хъуыдымӕ гӕсгӕ, сӕ куыст цӕсгомджын ӕмӕ намысджынӕй ӕххӕст кӕнынц сывӕллӕтты рынчындон ӕмӕ паддзахадон универститет чи аразы, уыцы нардуатон организацитӕ.

Рашид Нургалиев и Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нургалиев басгӕрста Хуссар Ирыстоны уӕлхох фӕндаджы арӕзтад

"Сывӕллӕтты рынчындон аразы фирмӕ "СТМ-ЮГ" Цӕгат Ирыстонӕй. Сгарджытӕй алчидӕр сӕ бакӕнгӕ куыстӕн скодта ӕвӕрццаг аргъ. Нывӕзтмӕ гӕсгӕ, рынчындон хъуамӕ лӕвӕрд ӕрцыдаид 2017 азы райдианы, фӕлӕ мах фӕнд кӕнӕм уый ацы азы кӕрон раттын. Ныридӕгӕн уым цӕуы ӕвӕрд нырыккон ифтонгад", — загъта Зӕгъойты Эдуард.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, иннӕ азы программӕмӕ "ахиздзысты" Хъайтарты уынгыл бирӕфатерон хӕдзӕртты арӕзтад ӕмӕ паддзахадон университет. Ноджы ма цалдӕр объекты хъуамӕ ӕрцӕуой лӕвӕрд эксплуатацимӕ иннӕ азы райдианы, фӕлӕ министры ныфс ис уыдон декабры кӕронмӕ раттын.

Министр ма фехъусын кодта, аразджытӕ ныртӕккӕ кӕй иуварс кӕнынц, Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министр Лев Кузнецов бирӕпрофилон колледжы бакӕнгӕ куыстыты цы сахъхъаттӕ ссардта, уыдон.

Ӕдӕппӕт ацы азы инвестпрограммӕмӕ хаст уыдысты 23 объект ӕмӕ мадзалы. Уыдон сты — цӕрӕнуӕттӕ ӕмӕ социалон объектты арӕзтад, дӕлзӕхх коммуникацитӕ ауадзын ӕмӕ объектты мидфӕзуатон инфраструктурӕйыл инженерон куыстытӕ сӕххӕст кӕнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0