Историктӕ хорзыл банымадтой Хуссар Иры ном раивыны хъӕппӕрис

© Sputnik / Ада БагианГерб и Флаг Южной Осетии
Герб и Флаг Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Историктӕ Цхинвалы брифингы рӕстӕджы равдыстой сӕ ахаст Хуссар Ирыстоны ном раивыны хъӕппӕрисмӕ, кӕцы президент Тыбылты Леонид раразмӕ кодта фарон декабры.

ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны историктӕ ӕмӕ ахуыргӕндтӕ сты ӕнӕдызӕрдыг, республикӕйы ног номы кӕй хъуамӕ уа ӕмбарынад "Алани".

Цхинвалы уагъд ӕрцыд брифинг историктӕ ӕмӕ ахуыргӕндты хайадистӕй. Уыдон ӕрдзырдтой сӕ ахастыл Хуссар Ирыстоны ном раивыны хъӕппӕрисмӕ, кӕцы президент Тыбылты Леонид раразмӕ кодта фарон декабры.

Президент Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент ӕрсидт Хуссар Иры ном Хуссар Ирыстон-Аланимӕ раивын

"Мӕ нымадмӕ гӕсгӕ, президенты хъӕппӕрис у рӕстӕгыл ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг. Фӕлӕ, ӕнхъарӕнтӕ бахӕссыны рӕстӕджы, махмӕ хъуамӕ уа Ирыстоны цӕгат ӕмӕ хуссары ӕрфидаргонд нӕмттӕ. Куыд зонӕм, афтӕмӕй цӕгаты ницы ивындзинӕдтӕ нывӕндынц. Ӕмӕ дыууӕ республикӕ дӕр иу объекты дыууӕ хай кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ ном дӕр хъуамӕ уа ӕмбӕлон. Ныры этапыл мӕм республикӕ Хуссар Ирыстон — Алани кӕсы фӕткондӕр ", — загъта историкон зонӕдты кандидат, профессор Гаглойты Юрий.

Уый рӕстӕджы, Гаглойты Юрий банысан кодта, адӕм кӕй ма хъуамӕ фесафой сӕхи ном — Ир.

"Фӕлӕ уый фидӕны хъуыддаг у", — бафиппайдта уый.

ФХМ-ы хъуыддӕгты сӕргълӕууӕг, историкон зонӕдты кандидат Джиоты Мурӕт сразы йӕ коллегӕйы ныхӕстимӕ. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый у иууыл рӕстагдӕр вариант, уымӕн ӕмӕ 20 азӕй фылдӕр республикӕйы дунейон ӕмӕхсӕнад зындгонд у, куыд Республикӕ Хуссар Ирыстон.

"Уымӕй дарддӕр ма, Республикӕ Хуссар Ирыстон — Алани хъуамӕ нысан кӕна, мах кӕй стӕм иумӕйаг бӕстӕ — Аланийы хай", — загъта уый.

© Sputnik / Фатима Плиева Историктӕ ӕмӕ ахуыргӕндты брифинг Цхинвалы
Историки за обсуждением идеи о переименовании Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Историктӕ ӕмӕ ахуыргӕндты брифинг Цхинвалы

Зонадон-иртасӕн институты директор Гаглойты Роберт та загъта ӕндӕр хъуыды. Уый нымайы, паддзахадӕн кӕй хъӕуы раттын Республикӕ Алани ном.

"Нӕ нӕ хъӕуы рӕстӕг сафын. Ныртӕккӕ нӕ алфамблай активонӕй пайда кӕнынц нӕ историйӕ, уый нымӕцы Аланийы ӕмбарынадӕй. Цы араздзыстӕм, сомбон куы фӕзыной Республикӕ Мӕхъӕл — Алани, науӕд та Республикӕ Хъӕрӕсе-Черкесс- Алани, уӕд", — загъта уый.

Газет "Республикӕ"-йы редактор Хъоцыты Андрей радзырдта, мӕхъӕлон историктӕ кӕй никуы ӕрбаддзысты хуссарирыстойнаг историктимӕ иу фынгыл ацы фарстыл ӕруынаффӕ кӕныны тыххӕй, уымӕн ӕмӕ иттӕг хорз ӕмбарынц, уыдон кӕй сты фембылдгонд уавӕры.

Глава Южной Осетии Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид ӕруынаффӕ кӕндзӕн Политсоветимӕ Хуссар Иры ном Аланимӕ раивыныл

"Уыдон уал сарӕзтой столицӕ Магас, уый фӕстӕ Алайнаг дуӕрттӕ, ныр та нывӕндынц 70 алайнаг цыртдзӕвӕнӕй фылдӕр сӕвӕрын. Мах хъуамӕ ма уӕм сӕ фӕстӕ чи лидзы, уыдоны ролы", — загъта уый.

Журналисттӕ бахастой куырдиат ахӕм номмӕ ӕркӕсын, куыд Паддзахад Алани, фӕлӕ уый ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, бынтон раст нӕ уыдзӕн.

"Нӕ номӕй куы аппарӕм Ирыстон ныхас, уӕд нӕ историйы ӕхсӕз ӕнусы ӕрцӕудзӕн сӕфт. Уымӕн ӕмӕ нӕ 18 ӕнусы алантӕй ничи зыдта", — загъта Джиоты Мурӕт.

Фарон декабры президент Тыбылты Леонид раразмӕ кодта хъӕппӕрис республикӕйы ном раивын ӕмӕ йын йӕ историкон ном раздахыны тыххӕй. Уый бахаста фӕнд ныры номмӕ бафтауын дзырд Алани.

Нырма бӕрӕг нӕу, кӕд ӕрцӕудзӕн уагъд референдум республикӕйы ном аивыны тыххӕй, адӕмӕн иу вариант банхъардзысты ӕви сын уыдзӕн фадат цалдӕр номӕй равзарын.

Ног хабӕртты лентӕ
0