Цхинвалы аст азы адӕм цӕрынц аварион хӕдзары

© Sputnik / Мария Котаева Дом в Цхинвале на улице Героев, 83
Дом в Цхинвале на улице Героев, 83 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъайтарты уынгыл иу хӕдзары цӕрджытӕ ӕстӕм аз цӕрынц аварион хӕдзары "зӕбул бетонӕй плитӕйы" бын. Адӕм тӕрсынц, иу бон сӕ уый йӕ быны кӕй нынныгӕндзӕн.

ЦХИНВАЛ, 11 ноя — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны столицӕйы бирӕфатерон хӕдзӕрттӕй иуы цӕрджытӕ тӕрсынц бетонон цартӕй иуы ӕрхаудӕй. Хӕдзар райста серьезон хъӕнтӕ 2008 азы августы хӕстон архӕйдтыты рӕстӕджы.

Дом на ул.Героев 118 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Прокуратурӕ сгары хӕдзар аразджыты ӕрдыгӕй 50 милуан сомы адавд Цхинвалы

Цхинвалы карз ӕхсты бын куы уыд, уӕд Хъайтарты уынгыл 83-ӕм хӕдзарӕн басыгъд йӕ систӕй иу, цары бетонон плитӕ та йӕ бынатӕй фезмӕлыд ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕртхъирӕнгӕнӕгау ӕрзӕбул хӕдзары бахизӕны. Цӕрджытӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фыстой мэриямӕ куырдиӕттӕ, цӕмӕй сын сцалцӕг кӕной аварион бахизӕн.

"Мах тӕрсӕм, зӕбул "цинкары" хӕйттӕ йӕ бынты цӕуӕг цӕуджытӕй искӕуыл куы ӕрхауой ӕмӕ йӕ йӕ куы амарой. Цал хатт рахизӕм нӕ хӕдзӕртты къӕсӕрӕй, уал хатт та тасимӕ скӕсӕм цармӕ. Ацы бетонон плитӕйӕн йӕ бон у ӕрхауын цыфӕнды уысм дӕр ӕмӕ Хуыцау бахизӕд исты трагеди ӕрцӕуынӕй. Ацы хӕдзар ахӕм уавӕры ис аст азы ӕмӕ нӕ зонӕм, цы уысм ӕрхаудзӕн ацы "цинкар", — дзурынц цӕрджытӕ.

© Sputnik / Мария Котаева Цары бетонон плитӕ йӕ бынатӕй фезмӕлыд ӕмӕ ӕрзӕбул хӕдзары бахизӕны
Аварийная бетонная плита в подъезде дома на улице Героев, 83 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цары бетонон плитӕ йӕ бынатӕй фезмӕлыд ӕмӕ ӕрзӕбул хӕдзары бахизӕны

Ӕртӕуӕладзыгон хӕдзары сисыл хӕстӕй аст азы фӕстӕ дӕр бӕрӕгӕй зынынц нӕмгуыты ӕмӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджыты фӕдтӕ. Цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон нырма дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, хицауад сын кӕд аиуварс кӕндзӕн хӕсты рӕстӕджы бакӕнгӕ зиан.

"Бакӕсут-ма мӕ фатермӕ. Мӕхи тыхтӕй байсӕрстон хъуынчъытӕ систӕ. Кӕсын мӕ инвалид лӕппумӕ. Ӕрмӕстдӕр мын ӕртӕ азы размӕ бантыст уымӕн ног сынтӕг балхӕнын. Хӕсты рӕстӕджы хӕдзарон дзаумӕтты хай басыгъд — иууылдӕр сӕ бахъуыд аппарын. Баззад ма нын иу ӕхст скъапп", — дзуры цӕрджытӕй иу.

Ацы хӕдзары сылгоймӕгтӕн бантыст хӕсты рӕстӕджы удыгасӕй аирвӕзын сӕ дипломатийы фӕрцы.

Хъайтарты уынджы 118-ӕм хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъайтарты уынджы 118-ӕм хӕдзары цӕрджытӕ ӕхсӕвӕй- бонӕй цӕрынц тасы бын

"Немӕ ныккӕнды уыд ацӕргӕ адӕм, нӕлгоймӕгтӕ, нӕ солдӕттӕй дӕр нӕм чидӕртӕ ныххызт дон аназынмӕ ӕмӕ ӕрулӕфынмӕ. Уыцы рӕстӕджы кӕртӕй райхъуыст гуырдзиаг ныхас. Мах уайтагъд бамбӕрстам, уыдон ныккӕндмӕ куы ӕрхизой, уӕд нӕлгоймӕгты иууылдӕр кӕй амардзысты. Уӕ ӕз мӕ сыхагимӕ, тасмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, схызтыстӕм ныккӕндӕй ӕмӕ райдыдтам семӕ гуырдзиагау дзурын. Уӕд сӕ Зина уайдзӕфты бын фӕкодта: хидинаг сӕм ницы кӕсы хӕдзӕрттӕ ӕхсын ӕмӕ фынӕй горӕтмӕ куыд ӕрбалӕбурдтой, зӕгъгӕ", — дзуры сылгоймаг.

Сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, гуырдзиӕгтӕм сӕвзӕрд ахӕм хъуыды, ома уыдон сты этникон гуырдзиӕгтӕ ӕмӕ сын загътой, кӕй сӕ арвитдзысты автобустыл Гуырдзыстонмӕ. Афтӕ сылгоймӕгтӕ аирвӕзын кодтой сӕ сыхӕгты.

Бындурон тасӕй дарддӕр ма адӕм хъаст кӕнынц, сӕ ныккӕндтӕ донӕй кӕй йедзаг кӕнынц.

Дом на улице Маяковского - Sputnik Хуссар Ирыстон
Арӕхстгай, лифттӕ "ӕнкъараг" сты!

"Ныккӕндты ӕмбырд кӕны дон. Нӕ доны хӕтӕлтӕ нын ног хызӕгмӕ куы баиу кодтой, уӕдӕй фӕстӕмӕ ныккӕндты дон ласы. Мах нӕхи фӕрӕзтӕй ӕрбахонӕм кусджыты, фӕлӕ та рӕстӕг рацӕуы ӕмӕ ныккӕндтӕ райдайынц донӕй йедзаг кӕнын", — дарддӕр кӕнынц сӕ ныхас цӕрджытӕ.

Цхинвалы мэр загъта Sputnik уацхӕссӕгӕн, кӕй у зонгӕ ацы хӕдзары цӕрджыты проблемӕимӕ ӕмӕ 2017 азы горӕты администраци кӕй ӕрӕвналдзӕн уый капиталон цалцӕгмӕ.

"Ацы хӕдзары, бетонон плитӕ кӕм ӕрзӕбул, уым уӕлвӕткон уавӕрты министрад сӕвӕрдта фидаргӕнӕн гӕрӕнтӕ цары бын. Мӕхӕдӕг дӕр уыдтӕн уыцы хӕдзары. Уым ахӕм аварион фадыджы сӕрмӕ ӕвиппайдты сӕвӕрдтой ног уӕлхӕдзар. Мӕ бон зӕгъын у, уалдзӕджы мах кӕй райхалдзыстӕм уӕлхӕдзар ӕмӕ капиталонӕй сцалцӕг кӕндзыстӕм аварион фадыг", — загъта мэр.

Иудзырдӕй, цӕрджыты ма хъӕуы "бафӕразын" уалдзӕджы онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0