Джуссойты Сослан: Хуссар Ирыстоны ЦӔК не ′срегистраци кӕндзӕн Кокойты Эдуарды

© Sputnik / Алексей КовалевЗдание правительства
Здание правительства - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президенты паддзахадон уынаффӕгӕнӕг Джуссойты Сослан радзырдта, цӕмӕн у ахсджиаг Тыбылты Леониды куысты адарддӕр ӕмӕ РХИ ЦӔК цӕмӕннӕ срегистраци кӕндзӕн экс-президент Кокойты Эдуарды.

ЦХИНВАЛ, 21 дек — Sputnik. Фӕстаг фондз азы мидӕг республикӕйы арӕзт ӕрцыдысты уавӕртӕ, ӕмбӕстӕгты цардуаг фӕбӕрзонддӕр кӕныны нысанӕн, уымӕ гӕсгӕ Тыбылты Леониды дарддӕры куыст президенты бынаты тынг ахсджиаг у республикӕйы дарддӕры райрӕзтӕн, загъта йӕ интервьюйы ИА "Рес"-ӕн президенты паддзахадон уынаффӕгӕнӕг Джуссойты Сослан.

Экс-президент Южной Осетии Эдуард Кокойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кокойты Эдуард: ӕз ахиздзӕн биноныгдзинады ценз, дызӕрдыг дӕр ма кӕнут

Уый банысан кодта, "адӕм тынг хорз кӕй уынынц, цавӕр ахсджиаг къахдзӕф сарӕзта республикӕ ивгъуыд фондз азы" ӕмӕ равдыста ныфс

Тыбылты Леонид кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн фидӕны ӕвзӕрстыты.

Агентады фарсты фӕдыл, экс-президент Кокойты Эдуарды фӕндты тыххӕй президентон кампанийы хайад райсын ӕмӕ биноныгдзинады цензимӕ йӕ проблемӕты фӕдыл, Джуссойты Сослан банысан кодта, "кӕй хъӕуы ӕнӕмӕнгӕй законы домӕнтӕ ӕххӕст кӕнын. Уыдонӕй уӕлвӕтк нӕдӕр Кокойты Эдуардӕн уыдзӕн, нӕдӕр ӕндӕр искӕмӕн".

"Закон алкӕмӕн дӕр иу у. Ис президенттӕм кандидатты регистрацийы законон процедурӕ, законы фыст сты уыдонмӕ домӕнтӕ, уый нымӕцы биноныгдзинады цензы фӕдыл. Ӕмбӕлон нормӕтӕ фидаргонд ӕрцыдысты парламенты скъуыддзагӕй 2016 азы июны. Уымӕ гӕсгӕ, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Кокойты Эдуарды регистрацийӕн республикӕйы ЦӔК-ы нӕй бындур", — загъта Джуссойты Сослан.

Уый зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ӕвзӕрстагъоммӕ дуджы цыфӕнды паддзахады политикон системӕ кӕй фӕлӕмӕгъдӕр вӕййы.

Президент республики Южная Осетия Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент: æвзæрстытӕм дыккаг хатт ацӕуыны фӕнд у алыварсонæй барст

"Хуссар Ирыстоны уавӕры дестабилизацийы нысанӕн, уымӕй спайда кӕнын никӕмӕн бантысдзӕн. Ахӕм фӕлвӕрдтытӕ ӕрмӕст ӕмбӕлон аргъ нӕ райсдзысты ӕмбӕлон паддзахадон органтӕм, фӕлӕ ма дӕн ӕнӕдызӕрдыг, кӕй фӕуыдзысты Хуссар Ирыстоны адӕмы уайдзӕфты бын", — загъта Хуссар Ирыстоны президенты паддзахадон уынаффӕгӕнӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0