Нафийы премийы лауреат радзырдта йæ хорзæх, геноцид æмæ ног уацмысты тыххæй

© Пресс-служба ЮОГУНафийы премийы лауреат
Нафийы премийы лауреат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Джусойты Нафийы премийы фыццаг къæпхæны лауреат Остъаты Алан нымайы, уый хорзæхтæй буц фыссæг кæй нæу, фæлæ йæ фыццаг премийыл сæмбæлд стыр цинимæ.
Остъаты Алан бæстон сахуыр кодта Хуссар Ирыстоны ног истори ивгъуыд æнусы 20-æм æзтæй райдайгæйæ æмæ йыл бацæттæ кодта пьесæ "Фæстаг æвдисæн" æмæ уацау "Сау тымыгъ". Фыццаджы бындурыл режиссер Дзудцаты Тамерлан сæвæрдта спектакль, уацау та рахицæн кодтой фыццаг къæпхæны премийæ.
 Джусойты Нафийы премийы лауреат Бестауты Алана - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.09.2022
Нафиимӕ зонгӕ кӕй уыдтӕн, уый тыххӕй мын йӕ преми уӕлдай зынаргъ у - Бестауты Аланӕ
2020 аз Хуссар Ирыстоны расидтысты ирон адӕмы геноциды азӕй, уӕд сӕдӕ азы æххӕст кодта бӕстӕйы историйы ӕвирхъау цаутыл, Ирыстоны хуссары мингай адӕмты куы ныццагътой, куы фесты лидзинаг ӕмӕ фесæфтой сæ бынтӕ. Фыссӕг Остъаты Алан ацы цаутыл уацау ныффыссынмӕ бавнӕлдта 2019 азы.

"2020 аз расидтысты геноциды азӕй президенты указӕй, сценӕйыл дӕр хъуыд ацы трагеди равдисын ӕмӕ ӕз бавдӕлдтӕн пьесӕ "Фӕстаг ӕвдисӕн"-ыл кусынмӕ. Ныффыстон ӕй уацауы фыццаг хаййӕ", - загъта автор.

Уацау "Сау тымыгъ" конд у дыууӕ хаййӕ, уый ирон адӕмы 20 геноциды темæйӕ дарддӕр аххӕссыд нӕ бӕстӕйы ног историйы онг дӕр.
"Уацауы дзырд цӕуы 1920 азӕй суанг Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсе куы банымадтой, уӕды онг. Ирон адӕмы дудгӕ бонтӕ, чи уыдысты уӕды тохгӕнджытӕ , лӕгау-лӕгтӕ, фӕндӕгтыл цы бавзӕрстой, куыд ныццагъды сты, уыдон æппæт дæр сты чиныджы", - бафтыдта уый.
Автор историон фактыл ӕнцойгӕнгӕйӕ амадта йӕ уацмыс, бындурӕн та иста архивон гӕххӕттытӕ, адӕмы мысинӕгтӕ ӕмӕ ма сабийӕ 20-ӕм ӕзты тыххӕй йӕ хъустыл цы рцыд, уый.
Цхинвалы фӕндзӕм хатт радтой Джусойты Нафийы премитӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.09.2022
Цхинвалы фӕндзӕм хатт радтой Джусойты Нафийы премитӕ
"Цӕмӕй дзы уыдаид реализм, уый тыххӕй мӕ хъус дардтон факттӕм ӕмӕ сӕ стӕй аивадон ӕгъдауӕй радӕттон. Хъӕуы схъомыл дӕн ӕмӕ чысыл сабийӕ бахъуыды кодтон хистӕр сылгоймӕгты мысинӕгтӕ. Куыд лыгъдысты, фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ хур цъитимӕ куы рбакаст, уӕд ӕнамонд лигъдӕтты мӕрдон буæрттæй сау куыд адарттой хӕхтӕ", - дзуры уый.
Уый ма бафиппайдта, бирӕ ӕрмӕг кæй систа Партион архивтæй дæр.
"Диссаг у, куыннӕ сӕ скуынӕг кодтой сӕ рӕстӕджы Гуырдзыстоны хицауад. Уым нырма дӕр бирӕ ахуыркӕнинаг ӕрмӕг ис", - баххах кодта Остъаты Алан.
Автор куыддӕр балхынцъ кодта йӕ пьесæ фыссын, афтӕ адарддӕр кодта уацауыл куыст. Уый рухсмӕ фӕзынд мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты нывӕзтмӕ гӕсгӕ, ӕрмӕст 200 экземплярӕй. Чиныг ныр дӕр агурынц.

"Цӕгат Ирыстонӕй, Дыгургом æмæ Туркӕй агурынц чиныджы. Нывгӕнӕг уыд фарастӕм къласы ахуырдзау Хаситы Лера. Фӕлӕ хорз сарӕхст. Уацауы ис куыд ӕцӕг хъайтартӕ, афтӕ æрымысгӕ адӕм дӕр. Тынг мæ фӕнды, цӕмӕй ма уӕлӕмхасӕй чиныг уагъд ӕрцӕуа ", - загъта уый.

Джусойты Нафийы премийы фыццаг къӕпхӕны лауреаты ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ иууыл стырдӕр хорзӕх уымӕн у, адӕм ын бузныг кӕй дзурынц, уый.
"Спектакль куы рацыд, уӕд бирӕ хорз ныхӕстӕ райстон хуымӕтӕг адӕм ӕмӕ республикӕйы разамындӕй. Премьер Бекъойты Геннадий та мын радта Кады грамота, иумӕйаг сисгӕйӕ та хорзӕхтӕй буц нӕ дӕн, уый у мӕ фыццаг преми", - бахахх кодта уый.
Премийы ног лауреат йӕ ныры ӕнтыстытыл нӕ хъӕцы ӕмӕ дарддӕр кӕны йе 'сфӕлдыстад, ныридӕгӕн дӕр фӕуд кӕны ног пьесæ фыст, уый та у нывонд Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕстӕн.
спектакль Фӕстаг ӕвдисӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.01.2022
Хуссар Иры ӕнтыстджынӕй ацыд спектакль "Фӕстаг ӕвдисӕн"-ы премьерӕ
"Адӕмон аргъау "Ӕдылыбег ӕмӕ Зӕнджынбег"-ы бындурыл ныффыстон пьесӕ "Ӕфсымӕртӕ", уый хъуамӕ сӕвӕрой сценӕйыл ногазон мюзиклы хуызы. СФХ фӕдыл пьесӕ ма фӕстиад кӕны ныййарӕг ӕмӕ йӕ зӕнӕджы сценӕ. Ӕз мӕхӕдӕг ӕртӕ азӕй баззадтӕн сидзӕрӕй ӕмӕ мады рӕвдыд нӕ зонын ӕмӕ йӕ нæ арæхсын сыфмӕ рахӕссын дæр", - бафиппайдта уый.
Хицӕн чиныгӕй автор фӕнд кӕны рауадзын йӕ пьесӕты ӕмбырдгонд - трагеди "Фӕстаг ӕвдисӕн", "Уый уыд хохы", аргъау "Ӕфсымӕртӕ", драмæ "Ногӕй ракаст хур" æмæ комеди "Хӕлиудоны хӕлиу хабӕрттӕ".
Ног хабӕртты лентӕ
0