Боциты Барон Саст рæхыс - Sputnik Хуссар Ирыстон
18 ӕрмӕджытӕ

"Саст рæхыс"

"... Лæг иу бон гуыргæ кæны, иннæ бон та мæлгæ", – афтæ-иу дзырдтой Тъæпæнхъæуы раджы заманы урсзачъе зæронд лæгтæ, искуы-иу мыггагæн хæст куы æрцыдис, уæд. Мыггаг мыггагимæ цæуыл хæцыд, уыдæттæ дæр-иу дзырдтой сæ кæстæртæн, фæлæ уыдоныл чи ныхас кæны. Рæстæг сын бирæ хъæуы, стæй сæ чи зоны, кæсæг хуыздæр зоны ацы разныхас фыссæгæй. Адæймаг куы фæгуыры, уæд гуыргæ-гуырын йæ мады хъæрзын куыд нæ фембары, афтæ куы фæмæлы, уæд йæ мæлæтæн дæр хорз ницыуал бамбары.
Уый раст у, æвæццæгæн.
Цӕлыкк ныууагъта йӕ хъӕу. Араст йӕ фыдимӕ дард ӕмӕ зын фӕндагыл. Райдыдта кусын ӕрзӕтыссӕн фабрикӕйы. Ам федта кусджыты уӕззау, цагъайраджы царды ӕууӕлтӕ. Бамбӕрста, быдираг цард дӕр хохаг цардӕй ӕнцондӕр кӕй нӕу. Фӕлӕ уӕддӕр тырны размӕ, горӕтмӕ, ахуырмӕ, хуыздӕр уавӕрмӕ.
Бæстондæрæй Боциты Бароны аудиочиныг "Саст рæхыс"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ноджы 20 ӕрмӕджы
Ног хабӕртты лентӕ
0